Дзырды фарн æмæ мады рæвдыд

0
184

Æргом куы зæгъон, уæд ныр дæсгай азты дæргъы мæ хъус дарын Мамыкъаты Хъазыбеджы поэтикон сфæлдыстадмæ. Мæ зæрдæмæ хæстæг цæмæн сты йе ’мдзæвгæтæ, уымæн фæцис хорз æфсон: мыхуыры рухс федта йæ ног чиныг: «Æзинæ, абони, исон…» Цæмæй хицæн кæны ацы æмбырдгонд, зæгъгæ, мæ исчи куы бафæрсид, уæд ын раттин ахæм дзуапп: йе ’мдзæвгæты нæй хæццæ-мæццæ метафорæтæ, искæй фæзмынмæ тырнынад, йе ’рдзон курдиаты фæстæ цæуыны монц æмæ нæ национ поэзийы традицитыл иузæрдионадæй. Уымæй уæлдай, автор уырзæй æвзары йæ уацмысты æрмæг, дзагармæй пайда кæны имон æнкъарæнтæ æмæ базырджын хъуыдытæй.

Поэты лирикæ нæ йæхимæ æлвасы, сатæг донау, дойны рæстæджы хуызæн. Кæсагахсæг йæхи сыгъзæрин кæсаг æрцахсынмæ куыд цæттæ кæна, афтæ Хъазыбег дæр агуры йæ алæмæтаг сурæттæ. Ахæм сфæлдыстадон агурæнтыл йæ цæст лæмбынæг хæссы, уый æнæфенгæ нæ фæуыдзæнис поэты аивадон ныхасы рæстдзæвин уагæвæрд. Чиныджы фыццаг æмдзæвгæйы æртыккаг цыппаррæнхъоны кæсæм:

 «Мæ рист уоди кæсалгæ

Æ къæстæнмæ гæлдзуй,

Цæф рæубес, æ тог калгæ,

 Æ мадæмæ ледзуй».

Ацы аивадон нывы ницы ис уæлдай æууæлтæй, æрмæст бæстон хъуыдытæ.

Кæддæр Пастернак йæ кæстæр æмсис æфсымæртæм сидтис ахæм ныхæстæй: «Дæнцæг уын раттон – ныр та уæ рад у!». Мæнмæ гæсгæ, Мамыкъаты лæппуйы уацмысты дæр ис, кæстæртæ дæнцæгæн кæй райсой, ахæм рæнхъытæ. Литературæйы хуызтæй поэзийæ демократондæр дзырдаивад нæй. Уымæ гæсгæ, райдайæг стихамайджыты хъæуы, поэзийæ æххæст чи уа, ахæм
хистæрты сфæлдыстад. Хъазыбеджы æмдзæвгæтæ лæмбынæг чи бакæса, уый, æнæмæнг, разыйæ баззайдзæн. Æмæ ма уымæй уæлдай ссардзæнис рæст-
дзинады къахвæндаг:

Байтаман-лæхъуæн
Хуцауи дзурдæй,
Тæходуй, æма,
Нур ку фестинæ,
Уазай æфцæгмæ
Исцæйхезинæ,
Кæнтæй Кæсæгмæ
Зар нилвасинæ.

Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма хуымæтæг рæнхъытæ сты, фæлæ уый хъуамæ макæй сайа. Хуымæтæджы ‘мбисондæн нæ баззадис: «Алцы генион дæр хуы-
мæтæг у!» Уый уымæн афтæ у, æмæ дзы алчидæр æрдзон уды-
хъæдæй цæуы. Хъазыбег цыфæнды темæмæ дæр куы бавналы, уæддæр дзы нывæры йæ удысконд, æмæ зæрдæ уымæн æлхæнынц. Уымæ гæсгæ, рагæй сагъæс кæнын чиныджы авторы рæнхъæвæрдыл.

Æмæ мæхицæн æрцыдтæн вазыгджын хатдзæгмæ: адæймаг ног æмæ ног искæй æмдзæвгæтæм куы здæха, уæд уый æцæг поэзийы æвдисæн у! Дæсгай азты размæ Хъазыбеджы рагон æмдзæвгæтæй иуы бакастæн ахæм рæнхъ: «Мæ зæрдæйыл ныффæлдæхти фæндыр…» Куыд ис ферох кæнæн ахæм рæнхъы ныхæстæ! Адæймаджы хъуыдæджы чи ныффидар уа, уымæн ферох кæнæн нæй. Хъазыбеджы æмдзæвгæтæ сты эпикон нывтæ: нырыккон дуг аныгъуылы ивгъуыды азфысты тыгъдады, ивгъуыд та йæ сæр адары абоны æмбарынады. (автор йæ чиныг дæр «Æзинæ, абони, исон…» хуымæтæджы афтæ не схуыдта). Ахæм лирикон-таурæгъон традици иугъæдон у нæ наукон поэзийæн. Поэт йæ уацмысты комкоммæ дзуры, нæ историон хъуыддаг рæстæджыты тары кæй нæ фесæфт, уый тыххæй:

Ехх, нæртон Амран, цы фæд                                      ныууагъта,

Ир-Дыгурæн уый куы

             басгуыхид цырагъ! –

Ехх, куы ракæнид Хуыцæутты                               Хуыцау арфæ,

Ехх, куы ’рцæрид нæ йæ                                   цæссыджы ’ртах!..

Фæстаг рæнхъы арæхстджынæй нывæст æрцыд вазыгджын хъуыды: уацмысы ассоциативон рæгъ нæ йæхимæ æлвасы æмæ нын æнцойад нæ дæтты.

Афтæ зæгъæн ис, æрдзы тыххæй цы уацмыстæ ныффыста, уыдоны тыххæй дæр. Уымæн æмæ сын ис арф мидисамад, хъавгæ амад сурæттæ æмæ æлхъывд рæнхъамад. Алыхуызон мадзæлттæ æмæ фæрæзтæй пайда кæнгæйæ, автор хиуылхæцгæ агуры фæндаг йæ чиныгкæсæгмæ. Ахæм æнкъарæнтæ нæм гуырын кæнынц, уарзты тыххæй цы рæнхъытæ ныффыста, уыдон дæр. Поэт нын уæрæх байтыгъта йæ зæрдæйы дуæрттæ. Ам зæрдыл æрлæууы Созыры поэзийы комулæфт. Автор æфсæрмы нæ кæны æргом ныхасæй. Æмæ ахæм зæрдæйыуагæй цы интимон лирикæ гуыры, уымæй цы фæлгонцтæ райгуырд, уыдон кæсджытæн хæссынц æхцонад, æнцонад æмæ уæлмонцад.

Стихамады мидæг вазыгджын ахадындзинад ис уацмысы мидисамады кæронбæттæн хъуыдыйæн. Уымæн æмæ уымæй баззайы адæймаджы хъуыдæджы. Уыцы аивадон дæсныйад автормæ иу бонмæ не ’рцæуы. Хъазыбег уыцы æууæлмæ йæ хъус рагæй дары. Уырнинаг дæнцæгтæ æрхæссæн ис йæ граждайнаг лирикæйæ дæр. Уым дæр æмбæлæм имон, сатæг æмæ сурæтджын хъуыды-сагъæстыл. Уыдоны мидæг автор махæн æргом кæны йæ бирæвæрсыг рис. Зæгъын ма æмбæлы, ахæм традицийæн ирон поэзийы арф уидæгтæ кæй ис, уый тыххæй. Цæуыл дзурæг у уый? Фыццаджыдæр, ууыл, æмæ ацы рæнхъыты автор æнкъары йæ рæстæджы
комулæфты уылæнтæ. Æмæ уым ис йе сфæлдыстадон амонд. Ахæм æнтысты фæрцы æцæг поэттæ бахауынц сæ дуджы иудзинады. Цыма зæгъæн ис ацы чиныджы тыххæй? Ацы æмбырдгонд цымыдисаг у йæ алы фарсæй дæр. Уымæн æмæ дзы уырнинагæй æвдыст æрцыд авторы тырнынад йæ чиныгкæсæджы барæвдауынмæ.

Хъазыбеджы æмдзæвгæты æмбырдгонды ма федтон иу хорздзинад. Алы кары адæймаг дæр дзы йæхицæн ссардзæн исты хорздзинад уацмысы хуызы. Уыдонæн фысгæйæ, автор пайда кæны алыхуызон аивадон мадзæлттæ æмæ фæрæзтæй. Йæ лирикон хъайтартæ дунемæ кæсынц алыхуызон цæстæнгæстæй. Лæмбынæг æркæсын æмбæлы авторæн йæ уацмысты ранывæсты мадзалмæ дæр. Поэт сæ арæхстджын къухæй хицæн хæйттыл нæ дих кæны, фæлæ сын хъахъхъæны йæ иудзинад. Æмæ уый æнцондæрæй гуырын кæны кæсæджы æнкъарæнтæ. Нывты хуызæн ирд æмæ хуызджынæй сæхимæ æлвасынц нæ миддунейы тырнынад. Цыфæнды цаумæ куы бавналы, уæддæр дзы бауадзы уд æмæ йæ разилы цардмæ. Йæ абарстытæ рауайынц рæстдзæвин æмæ цæстуынгæ. Уымæ гæсгæ, йæ уацмыстæ фæвæййынц æрдзон æмæ æххæст кæронæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм мидисон фæзилæн зынгæ фæд ныууадзы йæ ранывæсты фæлдзусадыл. Уыйадыл йе ’мдзæвгæты мидисамады нывтæ æмæ цаутæ ивынц кæрæдзийы, хъуыды арфдæргæнгæ. Фæлæ ныхас цы чиныгыл цæуы, уым сæйрагдæр у удыбæстæйы азфыст, нывгæнæджы миддуне-
йыл афæлгæст, лирикон хъайтары монон рæзгæ-ивгæ царды æхцонад. Мæнмæ гæсгæ, уым ис, ацы æмбырдгонды уд чи бауагъта, уыцы аивадон рахæцæн. Æмткæй райсгæйæ, Хъазыбеджы поэзийы уый фæрцы схизы «симфонион лирикæйы» æмвæзадмæ.

Хицæнæй зæгъын æмбæлы, чиныг фæлгонцгонд куыд æрцыд, уый тыххæй дæр. Соскъиты Владимиры зонæм зындгонд скульпторæй, фæлæ ам дæр йæхи рав-
дыста арæхстджын графикæй. Æнæ ‘рлæугæ нæй, чиныджы рацыдæн дæр фæрæзтæй кæй баххуыс кодта, ууыл. Æцæг æм уый фаг нæ фæкаст, æмæ ма йæ фæлгонцкæнынад дæр йæхимæ райста. Йæ куыст нæ цымыдисы бафтыдта йæ хуымæтæгдзинадæй, йæ сыгъдæг лирикон æрмдзæфæй, æнкъарæнты рæстдзинад æвдисынæй. Чиныджы фæстаг хъæбæр цъарыл нывгæнæг ратты поэты къухфысты автограф. Æмæ уый иудзæвгар кæрæдзимæ фæхæстæгдæр кодта авторы йæ кæсæгмæ. Фыццаг фарсыл та æвæрд æрцыд поэты графикон сурæт, цыма фæстæмæ аууон æппары, уый хуызæнæй. Æмæ зæгъинаг цы у: нывгæнæг бахъахъхъæдта йæ иллюстрациты иудзинад. Æмæ кæд силуэты хуызæн рауадысты, уæддæр сæ адæймаг нæ тыхсы, куыд сты, афтæмæй сæ æвæры йе ’нкъарæнты рæбын. Æмæ уый дзуапп дæтты сæ дыууæйы (автор – нывгæнæг) домæнтæн дæр.

Поэты чиныг нывæфтыд кæнын рагæй-æрæгмæ дæр æнцон хъуыддаг никуы уыд. Хъазыбеджы чиныгмæ хаст æрцыд дыууæсæдæ уацмысæй фылдæр. Æмæ уыдоны хъуыды иу нывы мидисмæ «æрæмбырд» кæнын æнцон хъуыддаг кæм у! Фæлæ Соскъийы-фырты къухы уый æнтыстджынæй бафтыд: æмбырдгонды иугæнæг хъуыдыйæн «равзæрста» авторы фæлгонц æмæ нæ фæрæдыд. Бавæрдта дзы цыдæр сусæгдзинад: авторы лæмбынæг цæстæнгасы бандзыг хъуыдыгæнæг, сагъæсгæнæг æмæ тыхст уды цæстæнгас. Уæвгæ ацы тыхст æмæ хъиамæтджын рæстæджы йæхи æндæр хуызы куыд хъуамæ æвдиса дзырдаивады дæсны. Хъазыбег Хуыцаумæ кувæг лæг у, æмæ йæ цæсгомыл цыдæр евангелион æууæл дæр разынд. Мæнмæ гæсгæ, фыццаг цъарыл авторы хуызджын къам нывæст куы æрцыдаид, уæддæр нæм ахæм æнкъарæнтæ нæ ныууагътаид. Автор мын куыд загъта, афтæмæй чиныджы сæргонд дæр æрхъуыды кодта нывгæнæг. Æмæ кæй фæрæстмæ, уый тыххæй йын зæгъæм бузныджы арфæ.

Афтæ зæгъæн ис, æмæ Хъазыбег амондджын адæймаг у. Хуыцау ын ратта фæлдисыны курдиат. Хуыцау ын ратта æртæ хъæбулы æмæ дыууадæс хъæбулы-хъæбулы. Уыдон сты йæ уæлмонцады ратæдзæнтæ. Æмæ, цыма фысгæ-фыссын уыдоныл фæхъуыды кæны, уыйау йæ алы ныхас дæр уырзæй æвзаргæ цæуы. Æнæмæнг сæ уымæ гæсгæ, йæ зæрдæмæ хæстæг исы чиныгкæсæг. Ныртæккæ амондджын адæмтæ стæм сты, æмæ уымæ, гæсгæ чиныджы авторы, æнæмæнг, æрхæссын æмбæлы дæнцæгæн. Йæ цардæмбал Людæ йын сарæзта æппæт фадæттæ дæр, цæмæй йæ сæрыхицау æнтыстджынæй хæсса йæ курдиаты тæлмæнтæ адæммæ. Ахæм фæлдзусадон ахаст-
дзинæдтæй бирæтæ сæхицæй нæ раппæлдзысты. Уымæн æмæ царды фæлварæнтæ дæттын æнцон хъуыддаг никуы уыдис æмæ нæу. Хъазыбег йæ бинонты къордимæ удæгас æвдисæн у ахæм фæзминаг цардæн.

Иу хатт ма йæ зæгъæм, чиныг кæй фæрæстмæ, уый дызæрдыггаг нæу. Фæлæ мæ исчи куы бафæрсид, куыд ма йын фæхуыздæр кæнæн уыд, уæд ын æргомæй зæгъин мæ фæндиæгтæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй æмбырдгонды ис 211 æмдзæвгæйы, уыдонæй 100 фыст сты уырыссагау, 98 – дыгуронау, 8 – иронау, 5 – тæлмацгонд уацмыстæ. Уымæ гæсгæ, чиныджы ранывæст структурон æгъдаумæ гæсгæ адих кæнын хъуыд цыппар хайыл: уырыссаг, дыгурон, ирон æмæ тæлмацтыл. Æмбырдгондмæ хаст æмдзæвгæты сæрмæ бакæсæм 43 эпиграфы уырыссагау, уыдонæй дыгуронау фыст чи у, уыдоны сæрмæ чи ис, уыцы скъуыддзæгтæ раивын
хъуыд дыгуронмæ. Хъазыбег тæлмац кæнынмæ хорз арæхсы, æмæ, уымæ гæсгæ, уыцы куыст бакæнын зын нæ уыдаид. Иннæрдыгæй та кæйдæр хъуыдытæ кæй сты эпиграфтæ, уый тыххæй сæ райсын хъуыд дыкъæдзыгты. Æцæг дзы иу æнæном æмдзæвгæйы («Къолсæр цæлгæнæн, ке ма гъæуи…») сæрмæ ис дыкъæдзыгты ист эпиграф. Иннæты дæр афтæ райсын хъуыд дыкъæдзыгты. Бафиппайын ма хъæуы уый дæр, æмæ автор æгæр арæх пайда кæны эпиграфтæй. Алы цыппæрæм æмдзæвгæ дæр — эпиграфтимæ! – уый æгæр бирæ у.

Мамыкъаты Хъазыбеджы чиныджы тыххæй цы фæндиæгтæ загътон, уыдон ын йæ иумæйаг ахадындзинад дæлæмæ нæ кæнынц. Уымæн æмæ дзы адæйма-
джы цæст цæуыл æрхæца, ахæм бынæттæ иу æмæ дыууæ нæй. Йæ фæткæвæрдадон æууæлтæ æмæ миниуджытæ йæ дæлæмæ нæ уадзынц. Йæ аивадон агурæнты мидæг авторы къухы бафтыд канд ног ахорæнтæ ссарын нæ, фæлæ ног ранывæстон-мидисон хицæндзинæдтæ ссарын. Афтæ зæгъæн ис жанрты алывæрсыг миниуджытæй дæр. Ахæм фæлварæнты дæхи баппар æмæ дзы уæлахиздзауæй рацу, уый æнцон хъуыддаг кæм уыд, фæлæ Хъазыбеджы къухы уый бафтыд. Æмæ уыцы æнтыст арфæйаг кæй у, уый æппындæр дызæрдыггаг нæу. Йæ уацмысты цы лирикон хъайтартыл æмбæлæм, уыдон систы зынгæ аивадон æнтыстытæ. Цæмæй ахæм размæцыд хъуыдытæ къухы бафтыдаиккой, уый тыххæй авторы хъуыдис ирд цæстæнгас, аналитикон зондахаст æмæ æнкъарæг зæрдæ равдисын. Æмæ автор нæ тæрхонмæ цы чиныг рахаста («Знон, абон, сомбон…»), уый ссис нæ дуджы айдæн.

 

ХОЗИТЫ Барис,
Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here