Цæгат Ирыстоны 2026 азæй фæфылдæр уыдзæн рæвдауæндæтты хъомылгæнджыты мызд. Уый тыххæй, республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ фембæлгæйæ, фехъусын кодта РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Скъолайы агъоммæйы ахуырадон системæйы кусджытæн сæ мызд фæфылдæр кæнын бафæдзæхста регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Ахуырады министр нын нæ зæрдыл æрлæу-уын кодта, фарон республикæйы разамонæг бафæ-дзæхста бафтауын ахуыргæнджыты мыздыл. Уымæ гæсгæ, ацы азы январы мæйæ педагогты мызд фæфылдæр 20 проценты бæрц.
– Хъомылгæнджыты мыздыл бафтдзæн ног бюджетмæ гæсгæ, ома, 2026 азæй. Скъолайы агъоммæйы ахуырады хæрзхъæддзинад ахсджиаг фарста у. Хъомылгæнджытæ егъау куыст кæнынц сабиты рæзты хъуыддаджы. Республикæйы Сæргълæууæг ацы фарстамæ йе ’ргом кæй аздæхта, уый ууыл дзурæг у, æмæ скъолайы агъоммæйы ахуырадæн стыр нысани-уæг кæй ис. Мах райдыдтам сывæллæтты рæвдауæндæтты бындурон цалцæг æмæ дарддæр дæр зæрдиагæй архай-дзыстæм, – фæбæрæг когда Алыбегты Эллæ.
Сергей Меняйло йæ доклады фæнысан кодта, культурæ æмæ традицитæ бахъахъхъæнын ахсджиаг хъуыддаг кæй у, уый. Регионы разамонæг фæндон бахаста скъоладзаутæ æмæ студенттæн фыццаг театралон фестиваль саразын ирон æвзагыл.
Ахуырады министры ныхасмæ гæсгæ, уыцы фарстайыл ныридæгæн куыст цæуы. Ноджы ма республикæйы разамонæг бафæдзæхста, чингуыты дуканитæ ирон æвзагыл фыст аивадон литературæйæ хъуаг куыд не ‘ййафой, уый. Фылдæр æргом, йæ хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы аздахын Нарты кадджынтæ æмæ адæмон аргъæуттæм. Уыцы фарстайыл архайдзæн рауагъдад «Ир» дæр.
Дарддæр ма ахуырад æмæ наукæйы министр фехъусын кодта, Кутузовы уынджы олимпиаг резервы училищæ байгом кæныны хъуыддагыл дæр куыст кæй цæуы, уый.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














