Фембæлд – Скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадæйы архайджытимæ

0
173

Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславæн фембæлд уыд Скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадæйы архайджытимæ.

Уый тыххæй фехъусын кодта горæты администрацийы пресс-службæ.

Дзæуджыхъæуы разамонæг арфæ ракодта ахуырадон кусæндæтты разамонджытæ æмæ хъомылгæнинæгтæн, стæй сывæллæттæн сæхицæн, æппæтуæрæсеон олимпиадæйы сæ архайд æнтыстджын кæй рауад, уый фæдыл. Милдзыхы-фырт арфæйы фыстæджытæ æмæ æхцайы сертификаттæй схорзæхджын кодта олимпиадæйы призертæ æмæ Дзæуджыхъæуы 3-æм скъолайы ахуыргæнæг-зондамонæг Тыджыты Чермены.

Скъоладзауты æппæт-уæрæсеон олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæны математикæйæ, истори æмæ биологийæ архайдтой дзæуджыхъæуккаг скъолаты æртæ ахуырдзауы: Илаты Артур, Губаты Аидæ æмæ Сергей Бельский.

Олимпиадæйы архай-джытæй иу – Илаты Артур куыд радзырдта, афтæмæй ахæм интеллектуалон ерысы раздæр дæр архайдта, фæлæ йын призеры ном фыццаг хатт саккаг кодтой. Уыимæ, æвзонг лæппу йæхи цæттæ кæны æндæр ахуырадон ерыстæм дæр. Уыдонæн сæ иу – хистæркъласонты турнир математикæйæ «А. Н. Колмогоровы номарæн кубок».

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here