Ивддзинæдты нысан – горæты цæрджыты нывыл цард

0
201

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Æмбырд арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы, æмæ ныхас цыд горæты социалон экономикон рæзтыл. Фарстайы фæдыл ныхас кодта администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав.

Йæ раныхас райдыдта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн горæты администрацийы ‘рдыгæй æххуысы ма-дзæлттæй. Куыд загъта, афтæмæй ахæм бинонты 1 721 ахуырдзауæн скъолаты ис лæвар хъарм хæринаг, 1  395 сывæллоны та рæвдауæндонмæ цæуынц лæвар. Муниципалон бюджетыл ныхас кæнгæйæ, Милдзыхы-фырт загъта, ивгъуыд аз кæй рауад 91,3 милуан сомæй æфтиагджын. Нывыл банымаинаг сты ацы азы фараст мæйы бюджеты бæрæггæнæнтæ дæр. Горæты рæзтыл дзурæг сты макроэкономикон нымæцтæ дæр. Афтæ, горæты администрацийы сæргълæууæг бæстон æрныхас кодта, цæрæнуатон-коммуналон къабазы, цæрæн хæдзæрттæ аразыны, горæты фæндæгтæ, стæй фæлладуадзæн æхсæнадон бынæттæ нывыл кæныны, транспорт æмæ æндæр къабæзты фæстаг дыууæ азмæ цы арæзт æрцыд æмæ аразинаг цы хъуыддæгтæ сты, æппæт уыцы фарстатыл.

Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй, нæ горæты царды, йæ уавæры, йе ‘ддаг бакасты цы ивддзинæдтæ æрцыд æмæ цæуы дарддæр дæр, уыдонæн хъуамæ уа иунæг нысан – дзæуджыхъæуккæгты нывыл цард.

Ивгъуыд аз æмæ ацы азы Дзæуджыхъæуы муниципалон зылды муниципалон сконды Цæстдарæн-нымайæн палатæйы архайды тыххæй  хъусынгæнинаг депутаттæн сæ размæ рахаста палатæйы сæрдар Дзуццаты Зауырбег. Йæ ныхасмæ гæсгæ, бюджетон фæрæзтæй закъонмæ гæсгæ, стæй сæ ахадындзинамæ гæсгæ куыд пайдагонд æрцыд, уыцы цæстæй акæсгæйæ, сбæрæг кодтой ивгъуыд аз 8 миллиард æмæ 282 милуан сомы, стæй, ацы азы фараст мæймæ 1 миллиард  æмæ 381 милуан сомы цæуыл хардзгонд æрцыдысты, уый. Уый фæдыл арæзт æрцыд 16 экспертизæйы. Афтæмæй, раргом 6 милуан æмæ 665 мин сомы аргъ финансон халæн цаутæ æмæ 3 милуан æмæ 261 мин сомы аргъ – æндæр халæн цаутæ. Кæй аиуварс кодтой, уыцы халæн цаутæ ивгъуыд аз рауадысты 1 милуан æмæ 126 мин сомы аргъ, ацы азы фараст мæймæ та – 1 милуан æмæ 27 мин сомы аргъ.

Горæт Дзæуджыхъæуы экономикон рæзты уавæрыл æмæ гæнæнтыл ныхас кодта Парламенты закъон-æвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Депутат бафиппайдта ивгъуыд азы дæргъы муниципалон бюджеты уавæры нывылдзинад æмæ загъта, хи æфтиæгтæ фылдæр кæнынæн бынæттон администраци мадзæлттæ кæй арæзта, уый. Афтæ, аууоны чи куыста, уыдонæн се ‘ргом раздæхтой сæ архайд закъоны бындуртыл æххæст кæнынмæ. Æрмæст уый фæрцы муниципалон бюджетмæ бафтыд 20 милуан сомы. Ацы куыст горæты администраци æххæст кæндзæн дарддæр дæр.

Черчесты Аслан ма ныхас кодта, ивгъуыд аз горæты бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы докладмæ байхъусгæйæ, Парламент цы уынаффæ рахас-та, уый куыд æххæстгонд æрцыд, уыцы фарстайыл æмæ загъта, сæ иу хай сæххæст кæнын къухы кæй бафтыд, фæлæ ма æнæлыггонд фарстатæ бирæ кæй сты, уый.

Советы уæнгтæ ма равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст къорд закъоны проекты.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ  

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here