Цæгат Ирыстоны Æвзарæн къамисы 30 азы

0
106

Цæгат Ирыстоны Æвзарæн къамисы сарæзтыл сæххæст 30 азы. Республикæйы æвзарæн системæйы минæвæрттæн сæ бæрæгбоны фæдыл арфæтæ ракодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО, УФ-йы Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Эллæ ПАМФИЛОВА, æндæр бæрнон адæймæгтæ…

Мариинаг театры Дзæуджыхъæуккаг хайады концертон залы цы æмбырд сарæзтæуыд, уым архайдтой Уæрæсейы Центрон æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды регионты æвзарæн къамисты делегацитæ, регионы æвзарæн хызæджы кусджытæ.

Сергей Меняйло йæ арфæйы ныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй историон бæрцбарæнтæм гæсгæ 30 азы бирæ нæу. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы, фæстаг дæсгай азты нæ бæстæ цы уавæрты бахауд, æвзарæн системæйы бындуртæ йæ ногæй аразын кæй бахъуыд, уый. Уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, Æвзарæн къамис алкæддæр архайдта бæрнон æмæ вазыгджын хъуыддæгтыл, фидардæр кодта æвзарæн процессы фæтк.

– Цæгат Ирыстоны Æвзарæн къамис фæстаг азты ноджы фæхъомысджындæр кодта йæ архайд, граждæнты хъæлæскæнынадимæ баст æппæт сæвзæргæ фарс-
татæ дæр афойнадыл лыггонд цæуынц. Уый у коллективы, æппæт æвзарæн системæйы æнгом æмæ æмхъару куысты æвдисæн, – загъта респуб-
ликæйы Сæргълæууæг.

Сергей Меняйло къамисы юбилейимæ бастæй республикæйы паддзахадон хæрзиуджытæ ратта æвзарæн системæйы раззагдæр кусджыты къордæн. Афтæ, Цæгат Ирыстоны Æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæйæн лæвæрд æрцыд майдан «Ирыстоны намысæн», иннæтæн та саккаг кодтой РЦИ-Аланийы Кады гæххæттытæ.

Фарон хицаудзинады федералон оргæнты уынаффæйæ нысангонд æрцыд кадджын ном «Уæрæсейы æвзарæн системæйы сгуыхт кусæг». Æмæ ныр сбæрæг, Цæгат Ирыстоны минæвæрттæй фыццагдæр уыцы кадджын ном Горæтгæрон районы территорион æвзарæн къамисы сæрдар Есиаты Еленæйæн кæй саккаг кодтой, уый.

Эллæ Памфилова йæ раныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй респуб-
ликæйы æвзарæн командæ рæстæгимæ æмдзу кæны, йæ архайды уæрæх пайда кæны нырыккон нымæцон технологитæй, æвдисы бæрзонд профессион дæсныдзинад æмæ куыстхъомдзинад. «Бузныг уын уæ хъæппæрисджын æмæ бæрнон куысты тыххæй», – бафиппайдта Центрон æвзарæн къамисы сæрдар.

Æппæт арфæты фæстæ æмбырды архайджытæн концерт равдыстой Мариинаг театры цæгатирыстойнаг хайады артисттæ.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here