Рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтимæ ныхас

0
130

Профориентацион программæ «Будь в форме!» æххæст кæнгæйæ, Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ: пъæлицæйы хистæр лейтенант Зæринæ Васильева, пъæлицæйы сержант Ботъоты Хетæг æмæ инспектор Бæззаты Миланæ – бабæрæг кодтой Дæллаг Бирæгъзæнджы рæвдауæндон.

Сывæллæттæ барадхъахъхъæнæджы дæсныйады тыххæй цæмæй фылдæр хабæрттæ базоной, дзыллон мадзал уымæн арæзт уыд.

Хистæр къорды хъомылгæнинæгтæ сæ хъомылгæнæг Кучиты Зæринæимæ иумæ уазджыты æрбацыдмæ æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты. Фембæлды агъоммæ сабитæ мидисджын программæ бацæттæ кодтой. Рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ рагацау æмбарынгæнæн ныхас кæимæ кодтой, уыцы сывæллæттæ пъæлицæйы кусджыты тыххæй сæ зонындзинæдтæ раргом кодтой.

Пъæлицæйы кусджытæй хи равдисын æмæ афтæмæй сæфт дзаумæтты хицæутты нæмттæ  сбæлвырд кæнын кæм бахъуыд, сывæллæттæ ахæм хъазты хæслæвæрдтæ æнтыстджынæй баххæст кодтой. Пъæлицæйы кусджытæ сæ службæйы тыххæй мидисджын хабæрттæ радзырдтой рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæн, стæй сын бафæдзæхстой коммæгæс уæвын æмæ хи нывыл уагæй дарын.

Ныхасы фæстæ сабитæ барадхъахъхъæнджытæн сæ куысты тыххæй æмдзæвгæтæ зæрдывæрдæй бакастысты, стæй сын хиконд уæрæсейаг тырыса балæвар кодтой.
Фæстагмæ рæвдауæндоны кусджытæ сæ хъомылгæнинæгтимæ иумæ барадхъахъхъæнджытæн мидисджын фембæлды тыххæй бузныг загътой.

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here