«Бавария»-йы ног æнтыстытæ

0
704

Сочийы уыд дунеон форум «Пиво-2017». Æппæтæй фылдæр хæрзиуджытæ дзы рамбылдта цæгатирыстойнаг компаниты къорд «Бавария»: 12 сыгъзæрин майданы æмæ 5 гран-прийы.

Нуазыны дон «Тбау»-йæн, лимонадтæ «Лимон» æмæ «Груша», стæй бæгæнытæ «Темное», «Мюнхенское» æмæ «Бременское»-йæн саккаг кодтой уæлдæр хæрзиуджытæ. Конкурсон къамис аив æддаг бакасты тыххæй сæрмагонд дипломтæй схорзæхджын кодта лимонадты къорд «Бавария-премиум».

25 азы дæргъы æрвылаз Краснодары крайы кæй саразынц, уыцы дунеон форум «Пиво» нымад у бæстæйы кадджындæр сæрмагонд дзыллон мадзæлттæй иуыл. Алы хатт фестивалы архайынмæ æрбацæуынц нæ бæстæйы æмæ фæсарæнты хуыздæр бæгæныфыцджытæ. Ацы аз 150 куыстуатæй фылдæр сæ продукци жюрийæн бавдыстой. Нозтæн аргъ кæнынц, кæй арæзту, уый нæ зонгæйæ, ома нозты алы хуызæн дæр ис æрмæст номыр.

— Конкурсы фæрцы ис нæ куыстæн профессионалон аргъ скæныны фадат. Архайæм нæ продукци ахæм форумтæм иудадзыг æрвитыныл. Нæ специалисттæ æмæ нæ продукцийы фæлхасгæнджытæ цыфæнды хæрзиуæгыл дæр æхсызгонæй сæмбæлынц. Нæ уагъд нозты хæрзхъæддзинадмæ æргом иудадзыг здахæм. Раст фæндагыл кæй цæуæм, амынд уæлахиз ууыл дзурыг у, — зæгъы компаниты къорд «Бавария»-йы генералон директор Битарты Зелимхан.

«Бавария» æртыккаг аз фæдфæдыл Сочийы арæзт дунеон фестиваль «Пиво»-йы бакусы æппæтæй кадджындæр хæрзиуджытæ. Куыд зонæм, афтæмæй немыцаг аудиторон компани DQS-UL-ы сертификат чи райста, ныртæккæ «Бавария» нымад у регионы ахæм иунæг куыстуатыл æмæ Уæрæсейы фыццаг компанитæй иуыл (ацы æууæл куыд амоны, афтæмæй официалон уагæй дунеон стандарты аккаг уæвæг «Бавария»-йы уагъд продукци уæй кæнæн ис дунейы 36 бæстæйы).

ГКПД «Бавария»-йы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here