Зæгъойты Аланы номыл турнир Беслæны

0
807

Зындгонд ирон футболист Зæгъойты Алан æвæджиауы хорз лæвар ракодта йе ‘мбæстаг æвзонг футболисттæн. Йæ уарзон Беслæны йæ номыл стадион «Пищевичы» 23-24 майы арæзт æрцыд 2008-2009 азты гуырд æвзонг футболистты турнир.

Ерысты ирыстойнаг командæтæ «Юность», «Спартак», «Беслæн» æмæ «Мæздæг»-æй уæлдай архайдтой Стъараполы, Ессентукийы, Махачкалайы æмæ Цхинвалы æвзонг футболистты командæтæ. Турнир гом кæнгæйæ Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан загъта: «Абон махмæ Беслæны ис рæсугъд спортивон бæрæгбон. Нæ зындгонд хъæуккаг Дзæгъойты Алан йæхи номæй сарæзта нæ рæзгæ кæстæртæн ерыстæ. Уый курдиат æмæ стыр фыдæбонæй йæхицæн скодта кады аккаг ном æмæ нæ кæстæртæн ссис бæллиццаг хистæр. Мах бузныг зæгъæм Аланæн йæ кæстæртыл кæй ауды æмæ сын ахæм бæрæгбон кæй сарæзта, уый тыххæй. Арфæ кæнæм Дагестанæй, Хуссар Ирыстонæй, Стъараполы крайæ нæм цы уазджытæ æрбацыд æмæ, нæ ерысты чи архайдзæн, уыдонæн». Йæ хъæуккæгтæн, уазджытæн æмæ æвзонг футболисттæн зæрдиаг арфæ ракодта Зæгъойты Алан: «Мæ уарзон æмхъæуккæгтæ æмæ æрыгон футболисттæн мæ зæрдæ зæгъы: царды цæмæ бæллут, уыдонæй хайджын куыд уат, нæ рæзгæ фæсивæд зындзинæдтæй хызт куыд уой, фыдæбонæй тæрсгæ куыд нæ кæной, афтæмæй сæ бæллицтæ сæ къухы куыд æфтой». Футболы бæрæгбонмæ Беслæнмæ æрбацыди бирæ адæм. Ам уыдысты Дзæуджыхъæуы «Спартак-Алани»-йы зындгонд ветерантæ Нодар Папелишвили, Æмбалты Эрик, Кодзырты Таймураз… Нæ зындгонд футболист Зæгъойты Аланимæ сæ хуыз сисын бафæндыд дæсгай спортуарзджыты æмæ Алан æхсызгонæй се ‘ппæтимæ дæр сразы. Уæдæ йын йæ къам æмæ йæ къухфыстмæ та сæдæйæ къаддæр æнхъæлмæ кæсджытæ нæ уыд. Уый се ‘ппæтыл дæр аххæссыд! Æвзонг футболистты ерыстæ рауадысты цымыдисаг. Лæппутæ афтæ зæрдиагæй архайдтой фæзы, æмæ ма сæ къæвда уары, уый дæр ферох ис. Аст командæйы лæппутæ иууылдæр равдыстой æвæджиауы тырнындзинад уæлахизмæ. Æппынфæстаг кæронбæттæны 1-аг бынат бацахсыныл ерысмæ рацыдысты Дзæуджыхъæуы «Алани» æмæ Стъараполы командæ. Æртыккаг бынатыл ерысы та фембæлдысты Махачкалайы «Анжи» æмæ «Беслæн». Фыццаг бæрæггонд цыди 3-аг бынат бацахсæг. «Анжи» æмæ «Беслæн»-ы фембæлды фыццаг пурти бакъуырдтой беслæйнæгтæ, фæлæ фæстæдæр уазджытæ хыгъд 1:1 скодтой. Хъазты дыккаг хай рауад ноджы цымыдисагдæр. «Беслæн» размæ рацыд 2:1 хыгъдæй, фæлæ та махачкалайаг лæппутæ фæцырд сты æмæ хыгъд сæмхуызон кодтой. Хъазты кæронмæ ма 3 минуты куы баззад, уæд та «Беслæн»-ы хъазæг Дзестелты Майрæмæн бантыст диссаджы рæсугъд гол бакъуырын «Анжи»-йы кулдуары. Куыд рабæрæг, афтæмæй уый уæддæр уæлахиз нæма уыд. Махачкалайаг лæппутæ та размæ абырстой æмæ сын бантыст æртыккаг хатт хыгъд сæмхуызон кæнын. Хъазт ахицæн 3:3 хыгъдæй æмæ уæлахизуæвæджы бæрæг кæнын бахъуыд 11-метронтæ цæвгæйæ. Ацы хъуыддаджы рæстдзæвиндæр разындысты фысымтæ. «Беслæн» рамбылдта 3:1 хыгъдæй æмæ бацахста 3-аг бынат. Фыццаг бынатыл фембæлды дæр æвзонг футболисттæ равдыстой æцæг лæгдзинад. Дыууæ командæйы дæр уыдысты уæлахизы аккаг, фæлæ æппынфæстаг уый бантыст стъарапойлæгтæн. Уазджытæ рамбылдтой 2:1 хыгъдæй æмæ систы Зæгъойты Аланы номыл 1-аг турниры уæлахиздзаутæ. «Стъараполы» тренер у Дзæуджыхъæуы «Автодор»-ы раздæры хъазæг Цхуырбаты Валери. Уый турниры ацыды тыххæй загъта: «Зæгъойты Алан тынг хорз хъуыддаг сарæзта. Ахæм турниртæ нæ сывæллæттæн стыр пайда хæссынц. Уыдон сæ абоны æнтыст сæ зæрдыл бадардзысты. Ноджы ма сын лæвæрттæ Алан йæхæдæг кæй радта, уый та сын уæлдай ныфс дæтты». Ессентукийы командæйы тренер Одиссей Татаров дæр тынг разыйæ баззад турнирæй: «Æз зæрдиаг арфæ кæнын ацы турнир саразджытæн. Бирæ рæттæм фæцыдтæн мæ хъомылгæнинæгтимæ æмæ ахæм уазæгуарзон фысымтыл никуыма сæмбæлдыстæм. Цыма нæ хæдзæрттæй никуыдæм рацыдыстæм, ахæм уавæртæ нын сарæзтой нæ фысымтæ. Уæдæ ацы турнир аразæг та Уæрæсейы хуыздæр хъазджытæй иу кæй у, уый нæ сывæллæттæн уæлдай æхсызгондæр у. Бузныг Алан æмæ нæ фысымтæн. Уырны мæ, иннæ аз дæр та ардæм кæй ссæудзыстæм, уый». Турниры сæрмагонд призтæ лæвæрд æрцыд: Торчынты Алиханæн («Хуыздæр дуаргæс «Беслæн»), Даниил Кудашевæн («Хуыздæр хъахъхъæнæг», «Алани»), Гасан Гитинов («Хуыздæр æрдæгхъахъхъæнæг», «Анжи»), Ярослав Бабуенко («Хуыздæр размæбырсæг», «Стъарапол»), Кирилл Туфанев («Æппæты рæстдзæвиндæр», «Стъарапол»), Касаты Алан («Хуыздæр хъазæг», «Алани»). Уымæй уæлдай ма æппæт командæтæн дæр лæвæрд æрцыдысты фирмæ «Наик»-ы спортивон хызынтæ.

БАСКАТЫ Уырызмæг. Авторы ист къам

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here