Ныхас – сæйраг финансон документыл

0
98

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты цыппор æхсæзæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Æмбырды архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, Прокуратурæйы разамынд, муниципалон скондты, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.

Депутаттæ фыццаг бакасты равзæрстой «Бæлццæтты ласыны фарста рацаразыны хъуыддаджы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон хицаудзинады оргæнты æмæ муниципалон скондты оргæнты ‘хсæн бартæ адих кæныны тыххæй»
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Æркæсынмæ йæ ра-
хаста республикæйы Транспорты комитеты сæрдар Захъаты Алан. Куыд загъта, афтæмæй документы нысан у, горæты æмæ муниципалон маршруттыл бæлццæтты ласыны фарста банывыл кæнын. Хъуыддаг домы хæрдзтæ, æмæ, комитеты разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, æнæ республикон бюджеты æххуысæй цардхъомыс нæ уыдзæн. Афтæ, ацы аз йæ рацаразыны хæрдзтæ уыдысты 150 милуан сомы бæрц, æмæ уыцы хæрдзтæ азæй-азмæ кæнынц фылдæр.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты промышленносты, транспорты, бастдзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Киситы Мурат æмæ ей ‘ргом аздæхта автоколоннæты куыст рацаразыны хъуыддагмæ.

Закъоны проект фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты.

«2026 азмæ æмæ 2027-2028 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект депутаттæн сæ размæ рахаста финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксанæ Карова. Куыд загъта, афтæмæй сæйраг финансон документ арæзт æрцыд республикæйы социалон-экономикон рæзты нысантыл æнцой кæнгæйæ æмæ фæстаг дыууæ азы æмæ ацы азы фыццаг æмбисы бæрæггæнæнтæ нымайгæйæ. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй бюджеты æфтиæгтæ уыдзысты 52 миллиарды æмæ 166 милуан сомы, уыдонæй 22 миллиарды æмæ 772 милуан сомы сты хъалонтæ æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ. Министры ныхасмæ гæсгæ, 2026 азы хæрдзтæ уыдзысты 53 миллиарды æмæ 313 милуан сомы. Уыдонæй 28 проценты хардзгонд æрцæудзæн ахуырады къабазыл, иу уый бæрц – социалон фарстатыл, экономикæйыл – 14,3, æнæниздзинад хъахъхъæнынадыл 8 проценты æмæ афтæ дарддæр. Бюджеты фæрцы республикæ дарддæр æххæст кæндзæн 26 паддзахадон программæйы, социалон æгъдауæй æххуыс кæндзæн, фæкæсинаг чи у, адæмы уыцы къордтæн, уыимæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн. Уымæй уæлдай, адæмæн мызд фидыныл 2026 азы хардзгонд æрцæудзæн 18 миллиарды æмæ 246 милуан сомы. Ацы хæрдзтæ фылдæр кæнынц, ног азæй фæстæмæ фæцæрыны æппынкъаддæры бæрц (МРОТ) кæй сырæздзæн, æмæ уыдзæн 27 093 сомы. Оксанæ Карова бæстон æрдзырдта 2027-2028 азты бюджетты сæйраг бæрæггæнæнтыл дæр.

Фарстайы фæдыл ма раныхас кодта республикæйы экономикæйы министр Сокаты Марат. Æмдокладгæнджытæ уыдысты Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдар Хъæлыцты Инал æмæ Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег.

Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, депутаттæ Цæгæраты Русланмæ, Джиоты Георгимæ, Реуазты Ларисæмæ, Суанты Вадим æмæ Цæллагты Жаннæмæ.

Закъоны проект фыццаг бакасты фидаргонд æрцыд.

Оксанæ Карова ма ныхас кодта «2025 азы æмæ 2026-2027 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Рес-
публикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл дæр. Куыд загъта, афтæмæй документы нысан у ацы азы бюджеты бæрæггæнæнтæ фæбæлвырддæр кæнын, уымæн æмæ æфтиæгтæ фылдæр кæнынц 2 миллиарды æмæ 101 милуан сомæй; 4 миллиарды æмæ 586 милуан сомы фæфылдæр сты хæрдзтæ дæр.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Хæдарцаты Аслæнбег. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, Цæгæраты Русланмæ,
республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæмæ.

Фарстайы ахсджиагдзинад, стæй йын фæстæдæрмæ аргъæвæн кæй нæй, уый нымайгæйæ, фыццаг æмæ дыккаг кæройнаг бакасты закъон
фидаргонд æрцыд.

«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрæнуæтты политикæйы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта прокурор Олег Апанасевич. Документ цæрыны бартæ фидар кæны канд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн нæ, фæлæ ма Курскы, Белгород æмæ Брянскы облæстты æфсæддон хæстæ чи æххæст кæны, уыдонæн дæр.

Закъоны проект фидаргонд æрцыд фыцццаг бакасты.

Депутаттæ ма равзæрстой æмæ фыццаг бакасты сфидар кодтой, республикæйы Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонды разамонæджы хæдивæг Къарджиаты Ларисæ æркæсынмæ кæй рахаста, «2026 азы æмæ 2027-2028 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект, стæй ма æндæр закъонæвæрынадон хъæппæристæ.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ, къам систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here