Цæгат Ирыстоны дарддæр куыст цæуы нысанмæарæзт регионалон программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ыл. Программæйы кæронбæттæны архайджытæн къуырисæры райдыдта ахуырты дыккаг къæпхæн.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй фидаргонд æрцыд республикон программæ «Æхсарджын Ирыстон». Йæ архайджытæ сты, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы чи службæ кодта, уыцы ветерантæ. Программæйы архайыны фæндон чи равдыста, уыцы адæмæн сæрмагонд ахуырты фæстæ уыдзæн, хицаудзинады регионалон æмæ муниципалон оргæнты, стæй æхсæнадон иугæндты кусгæйæ, сæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад равдисыны фадат.
Ныридæгæн уал ахицæн проекты фыццаг къæпхæн.Фидæны разамонæг кусджытæн лекцитæ, семинартæ æмæ æндæр ахуырадон мадзæлттæ арæзтой хицаудзинады паддзахадон æмæ муниципалон оргæнты фæлтæрдджындæр минæвæрттæ, министртæ, æндæр специалисттæ. Уыимæ, ахуырты ахсджиаг хай систы программæйы архайджыты стажировкæтæ хицаудзинады алы къæпхæнты оргæнты, æндæр организациты. Ахæм фæткы бындурыл æххæстгонд æрцыд программæйы фыццаг хай. Уыцы къæпхæныл сæйрагдæр уыдысты паддзахадон политикæ æмæ хицаудзинады оргæнты архайды бындуртæ. Ног къæпхæныл та программæйы архайджытæ сæйрагдæр æргом аздахдзысты экономикæ æмæ финансты фарстатæм. Семинартæ æмæ сын æндæр ахуыртæ араздзысты фæлтæрдджын спикертæ æмæ эксперттæ.
Дыккаг къæпхæны ахуырты райдайæны размæ фидæны разамонæг кусджытимæ фембæлдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Биасты Игорь.
– Ахуырты фыццаг къæпхæн æнтыстджынæй ахицæн кодтат, ныр та уын райдыдта программæйы дыккаг хай – «Экономикæ æмæ финанстæ». Адæмон хæдзарад æмæ паддзахадон службæйы уæрæсейаг академийы специалисттæ бацæттæ кодтой
бæстон æмæ æппæтвæрсыг теоретикон семинартæ æмæ лекцитæ. Уыдонæй уæлдай, ахуырты рæстæг сымахæн фембæлдтытæ уыдзæн республикон спикертимæ дæр – экономикæ æмæ куыстады, финансон къабазы фæлтæрдджындæр минæвæрттимæ. Ныфс мæ ис, ацы къæпхæны дæр бирæ пайдайаг зонындзинæдтæ кæй райсдзыстут, уымæй, – йæ раныхасы фæбæрæг кодта Платы Альбинæ.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Уæрæсейы Президент Владимир Путины амынддзинадмæ гæсгæ, æххæстгонд цæуы федералон проект «Хъæбатырты рæстæг». Программæ «Æхсарджын Ирыстон» дæр сси уыцы проекты иу хай, фадæттæ йын сарæзтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администраци, республикæйы Хицауад æмæ Адæмон хæдзарад æмæ паддзахадон службæйы уæрæсейаг академи.
СЛАНТЫ Аслан, къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА














