Хаттæй-хатт сфæлдыстады фæндæгтæ ссарыны хъуыддаг æрхоны бынтон æндæр, æнхъæл кæмæн нæ уыдтæ, ахæм ногдзинæдтæм. Дигорайы горæты цæрæг Къорнаты Владимиры хæдзар йæхимæ ‘лвасы сфæлдыстадæн аргъгæнджыты.
Афтæ зæгъæн ис, æмæ Владимир йæхимæ раиртæста нывгæнæджы дæсныйад æмæ йæ хæдзарæй сарæзта æцæг аивады музей. Йæ куыстытæ фенынмæ йæм æрцæуынц нæ бæстæйы алы кæрæттæй. Йæ хæдзармæ бакæсгæйæ дзы фенхъæлдзынæ аивæдты галерей: нывтæ сты къултыл, тыргъты, æрмадзы. Иу дзырдæй, алы ран дæр. Алкæцы ныв дæр хицæн истори у, йæ хæдзар та – нывгæнæджы хи музей.
Цæмæй сæдæгай нывтæ фенай, уый тыххæй дæ бахъæудзæн равдыстыты зал бабæрæг кæнын. Фæлæ Къорнаты хæдзары экспозицитæ æхгæд нæ цæуынц – ныр 15 азы дæргъы нывгæнæг ис аивады мидæг. Зынтæй уæ бауырндзæн, фæлæ æрмæстдæр 72-аздзыдæй райста Къорнайы-фырт йæ къухмæ нывгæнæн сис. Пенсимæ рацæуыны афон ын стъæлфау нæ рауад, фæлæ сфæлдыстадмæ рахизыны ног рахæцæнау.
Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, пенсимæ рацæугæйæ, сфæнд кодта йæ фæллад уадзын, фæлæ уæдмæ хæдзармæ æрцыд йæ чызг æмæ йын загъта: «Раздæр лыс-
тæг телæй куы ныв кодтай, дзæбæх дын уадис. Бафæлвар-ма æцæг нывтæ кæнын». Афтæмæй, 72-аздзыдæй Къорнайы-фырт йæ къухмæ райста нывгæнæн сис, æмæ фæзынд йæ фыццаг – африкаг ныв, бирæ кæйдæрты зæрдæмæ фæцыд.
Ныртæккæ Владимир кусы æндæр нывыл, схуыдта йæ «Привал», лыстæг куыст ма йыл баззад. Иннæ аз Дигорамæ ссæудзысты Рязаны облæстæй æфсымæрон горæт Кадомы минæварад, æмæ сын кадджын уавæры Къорнайы-фырт йæ ныв балæвар кæндзæн. Царды цы фæлтæрддзинад райста, уый йæ нывтæй ирддæр æмæ бирæвæрсыгдæр у.
Дæргъвæтин рæстæг – 40 азы дæргъы фæкуыста хъæууон хæдзарады, суанг ма Африкæйы дæр дыууæ азы фæцард, фæфыдæбон дзы кодта. Ацы бæстæ йын йæ зæрдæйы ныууагъта арф фæд, уымæ гæсгæ уыцы бынатимæ баст мысинæгтæ нывгæнæн кæддагмæ рахæссы ныр дæр. Йæ нывтæ баст сты кавказаг цытджын хæхтимæ, ахорæнтæй дзаг – африкаг флорæ æмæ фаунæимæ. Ныртæккæ йæ хæдзармæ æппынæдзух цæуынц уазджытæ. Сыхæгты лæппутæ дæр æрбакæсынц, уæдæ йæм Уæрæсейы алы горæттæй сæмбæлынц минæварадтæ.
Къорнаты Владимиры ныхасмæ гæсгæ, уыдæттæ кæны, цæмæй сывæллæттæ кæсой, уыной. «Рязанæй уæд уазджытæ куы ссыдысты, уæд дыууæ боны ам фесты. Фынг-
æвæрдтæ скодтам, баузæлыдыстæм сыл. Æртæ азы размæ Урсдоны сæ фæллад уагътой Белгородскаг облæсты сывæллæттæ, æрбацыдысты нæм дыууæ автобусы дзагæй. Мах сыл дзæбæхæй сæмбæлдыстæм, цæхх, кæрдзын сын æрæвæрдтам», – зæгъы нывгæнæг.
Къорнайы-фырты зæрдæйы канд аивадмæ æмхицдзинад нæй. Йæ хæдзары ис хицæн фæзуат. Ам æмбырдгонд æрцыд национ цардыуаджы дзауматæ, рагон хæцæнгарз, архивон къамтæ. Сæ фылдæр уыдысты йæ дада æмæ уый фыды, фæлтæрæй-фæлтæрмæ йæм æрхæццæ сты. Иннæ экспонаттæ йын æрбахастой хиуæттæ, зонгæтæ, хъæуккæгтæ, сыхæгтæ… Зыдтой, ацы хæдзары сæ хорз кæй бахъахъхъæндзысты, уый.
Къорнайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, æппæт уыцы дзауматæ баззадысты йæ рагфыдæлтæй, иннæтæ та сты хиуæтты, хъæуккæгты. Афтæмæй уыдонæй дæр рауад музей. Йæхæдæг арæх вæййы нывты равдыстыты куы республикæйы, куы та – æндæр рæтты. Йæ нывтæ адæймаджы зæрдæ байдзаг кæнынц æгæрон æнкъарæнтæй. Куыд уынæм, афтæмæй пенсимæ рацæуыны рæстæг дæр фæзыны ног фадæттæ, курдиат, ног авналæн.
Афтæмæй адæймаджы уд бæлвырд хъуыддагыл фæцалх вæййы, кар нæ хынцгæйæ. Нырмæ Къорнаты Владимиры къухтæй рацыд 300-йы бæрц нывы, æмæ, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йе сфæлдыстадон фæндаг нырма ныр райдыдта…
Вадим Ганжа














