Æппæтуæрæсеон æхсæнад «Зонад»-ы премитæ

0
97

Æппæтуæрæсеон æхсæнад «Зонад» фехъусын кодта, бæстæйы регионты ахадгæдæр рухстауæн проекттыл чи бакуыста, уыцы авторон къордтæ æмæ хицæн адæймæгты номхыгъд. Хуыздæрты номхыгъды сты Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр.

Æппæтуæрæсеон иугонды архайдмæ цæстдарæг советы сæрдар, УФ-йы Президенты Администрацийы Разамонæджы фыццаг хæдивæг Сергей Кириенкойы разамындæй Мæскуыйы уыд сæрмагонд жюри «Зонад. Преми»-йы ацы азы кæронбæттæн æмбырд. Уым æвзæрст æрцыдысты æппæт уæрæсейаг регионты хуыздæр рухстауджытæ æмæ ахсджиагдæр рухстауæн проекттæ.

Жюрийы уынаффæйæ хæрзиуæг «Зонад. Преми» æмæ кадджын ном «Рес-
публикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы хуыздæр рухстауæг» лæвæрд æрцæудзæн Физикон-математикон республикон лицей-интернаты уæлæмхасæн ахуырады педагог Годжыцаты Анжелæйæн.

Ахуыргæнæг уæрæх æмæ ахадгæ куыст кæны рæзгæ фæлтæримæ, скъоладзауты æмхиц кæны математикæ æмæ IT-технологитæм, амоны сын æндæр наукæты сусæгдзинæдтæ. Æрæджы Анжелæйы хъæппæрисæй арæзт æрцыд республикон фестиваль «ИнфоФест». Уыцы рухстауæн-ахуырадон проекты архайæг сис-
ты 200 ахуырдзауæй фылдæр. Уыцы фæсивæдæн ахуыргæнæг бацæттæ кодта мастер-класстæ æмæ лекцитæ математикæ æмæ нымæцон технологиты тематикæйыл. Годжыцаты Анжелæ йе ’рвылбоны педагогон æмæ рухстауæн куысты уæрæх пайда кæны нырыккон ахуырадон методикæтæй, кусы хæдбындур авторон проекттыл, йæ хъомылгæнинæгты размæ хæссы раззагдæр нымæцон технологитæ…

Хуыздæр рухстауæн проектты номхыгъдмæ та федералон жюри Цæгат
Ирыстонæй бахаста Уæрæсейы æрыгон дирижерты форум. Уыцы егъау сфæлдыстадон проектыл бакуыста музыкалон аивады райрæзтæн ахъазгæнæг фонд «Культурон столицæ» (йæ разамонæг – Хъарданты Зæлинæ). Фонды хъæппæрисæй дзæуджы-
хъæуккаг форуммæ уæрæсейаг регионтæй æрбамбырд сты 115 æрыгон дирижеры. Цалдæр боны дæргъы сын зындгонд æмæ фæлтæрдджын музыканттæ, æндæр специалисттæ арæзтой мастер-класстæ æмæ профессион дæсныдзина-
ды ахуыртæ. Форумы архайджытæн уыд концерттæ дæр зарæггæнджыты къордтæ æмæ симфонион оркестртимæ… Аивадуарзджытæ æмæ музыкантты профессион æхсæнады минæвæрттæ хорз аргъ скодтой форумæн.

Æхсæнад «Зонад»-ы пресс-секретарь Цæгат Кавказы федералон зылды Мария Теплинская «Рæстдзинад»-æн куыд радзырдта, афтæмæй федералон жюрийы уынаффæйæ «Зонад. Преми»-йы уæлахиздзаутыл нымад æрцыдысты æртæ сæдæйæ фылдæр рухстауæг æмæ рухстауæн проекты æппæт уæрæсейаг регионтæй.

 

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here