«Регионалон къуыри»-йы фæткмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстонæй бæстæйы Федерацийы Советы уæнг Виталий Назаренко æрбацыд нæ республикæмæ.
Æрæджы парламентарий æвзæрста, цæгатирыстойнæгтæй йæм цы курдиæттæ бацыд, уыдон. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йæн æхсæнадон æххуысы штабы уæвгæйæ, Виталий Назаренко фембæлд бахатæг адæймæгтимæ.
– Фембæлды рæстæг дæс адæймагимæ сæ тыхстаг фарстатыл æрныхас кодтам. Ноджыдæр ма дæс курдиаты равзæрстам фембæлды агъоммæ. Æвæстиатæй адæмæн æххуыс кæныныл архайæм, – загъта сенатор.
Адæмæй æрбафтæг курдиæтты фылдæр хай хаудтой цæрæнуатон-коммуналон къабазмæ, стæй уæлæмхасæн ахуырадон æмæ дзæбæхгæнæн лæггæдтæ райсынæн баххуыс кæныны хъуыддагимæ.
Сенатор сын йæ бартæм гæсгæ æмбæлгæ æххуыс бакæндзæн.
Æлборты Зæлинæ,
УФ-йы сенаторы
æххуысгæнæг














