Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристæ.
«Уæрæсейы Федерацийы Хъалонты кодексы дыккаг хаймæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты
бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг
Тауитты Алыксандр. Ныхас цæуы, цæрæнуат балхæныны тыххæй ипотекæ чи райста, уыдоны хъалон фидынæй суæгъд кæнын, сæ ипотекæ цалынмæ фыст нæ фæуа, уæдмæ. Æрмæст ахæм домæнтимæ: уыцы цæрæнуат адæймагæн хъуамæ уа йæ иунæг стæй, ипотекæ кæмæн фиды, уыцы цæрæнуатæй хи амалхъомадон архайдæн хъуамæ ма пайда кæна. Советы уæнгтæ федералон закъонæвæрынадон хъæппæрис хорзыл банымадтой. Фæлæ, Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм уæлбар æххуысы аккаг сты бирæсывæллонджын бинонтæ дæр. Документыл æрныхас кæнгæйæ, нæ депутатты уыцы хъæппæрис закъоны проектмæ уæлæмхасæны хуызы хаст æрцæудзæн.
Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева æркæсынмæ рахаста «Уæрæсейы Федерацийы ахуырады тыххæй» федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проект. Ныхас цæуы, райдайæн иумæйагахуырадон программæтæм гæсгæ чи ахуыр кæны, уыцы скъоладзаутæн хъарм хæринæг лæвар цæмæй уа, уый тыххæй федералон бюджетæй регионтæн субсидитæ дæттыныл. Афтæ, ивгъуыд аз уыцы нысанæн федералон бюджетæй дихгонд уыд 72 миллиард сомы, ацы аз та – 73,5 миллиард сомы. Закъон фидаргонд куы æрцæуа, уæд уыцы индексаци суыдзæн æрвылазон æмæ арæзт цæудзæн æргъты рæзтмæ гæсгæ.
«Паддзахадон социалон æххуысы тыххæй» федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Документы куыд загъд ис, афтæмæй, йæ фæллойадон стаж 35 азæй фылдæр кæмæн у, уыцы нæлгоймæгтæ æмæ, йæ фæллойадон стаж 30 азæй фылдæр кæмæн у, уыцы сылгоймæгтæн се ‘рвылмæйон пенсийыл бафтауын хъæуы 10 мин сомы. Закъонæвæрынадон хъæппæрис, æнæмæнг, у хорз æмæ тынг ахсджиг, уæлдайдæр – ацæргæ адæмæн.
Реуазты Ларисæ ма æркæсынмæ рахаста «Уæрæсейы Федерацийы Фæллойадон кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проект. Ныхас цæуы, ноггуырд сывæллон кæмæн ис, уыцы ныййарæг фыдæлтæн сæ отпускмæ уæлæмхасæн ма авд боны бафтауыныл, ныййарæг мадæлтæн куыд у, афтæ, æмæ сын уыцы хуызы сæ бартæ сæмхуызон кæныныл. Цæгатирыстойнаг депутаттæ, федералон хъæппæрисыл сразы уæвгæйæ, фæндон рахастой, ныхас кæуыл цæуы, уыцы ныййарæг фыдæлтæм ма бафтауын кæй хъæуы бирæ сывæллæттæ хъомылгæнæг уыцы ныййарæг фыдæлты дæр.
Уымæй уæлдай, федералон закъоны проекттæ æмæ закъонæвæрынадон хъæппæристыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Остъаты Георги, Качараты Олег.
Советы уæнгтæ ма сбæлвырд кодтой Парламенты радон æмбырды боны фæтк æмæ йæ саразыны æмгъуыд.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














