Паддзахадон автомобилон инспекцийы кусджытæ æмæ тæрхонадон пъырыстыфты службæйы минæвæрттæ рæстæгæй-рæстæгмæ цы иумæйаг рейдтæ саразынц, уыдоны фæрцы рабæрæг кæнынц, административон ивартæ афойнадыл чи нæ фиды, уыцы æгъдаухалджыты.
Ахæм иумæйаг рейд ацы бонты уыд Æрыдоны районы дæр.
ПАИ-йы инспектортæ æмæ пъырыстыфтæ цалдæр бонмæ баурæдтой, фæндаггон змæлды фæтк фехалыны тыххæй административон æфхæрд кæуыл æвæрд æрцыд, фæлæ ивартæ афоныл бафидыныл чи нæ батыхст, 26 ахæм æгъдау-
халæджы. Сæ ивартæ 130 мин сомæй фæфылдæр сты. Ныр сæ бар-æнæбары бахъуыд сæ бафидын…
Уый тыххæй «Рæстдзинад»-æн фехъусын кодтой Паддзахадон автомобилон испекцийы Æрыдоны районы хайадæй.
Паддзахадон автоинспекцийы минæвæрттæ фæндаггон змæлды архайджыты зæрдыл ногæй лæууын кæнынц, административон ивартæ афойнадыл æмæ æххæстæй фидинаг кæй сты, уый. Административон æгъдаухæлдтыты тыххæй кодексы куыд загъд ис, афтæмæй ивар хъуамæ фыст æрцæуа, æгъдаухалæджы административон æгъдауæй бафхæрыны тыххæй суагъæ фидаргонд куы æрцыд, уыцы бонæй дыууæ мæйы æмгъуыдмæ.
Мах дæр уыцы зæрдылдарæнмæ бафтаудзыстæм – уымæй хуыздæр æмæ растдæр та уыдзæн фæндаггон змæлды фæтк æнаиппæй æххæст кæнын (уый хауы, куыд шофыртæ, афтæ фистæг бæлццæттæм дæр). Уæд не ’ппæт дæр, æнæмæнг, уыдзыс-
тæм æдыхстдæр æмæ æдасдæр.
Дмитрий АСТАХОВ














