Дзæуджыхъæуы бирæфатерон хæдзæрттæм æмæ социалон объекттæм хъарм цæмæй æнæкъуылымпыйæ цæуа, куыстуат «Водоканал»-ы фондзсæдæ специалистæй фылдæр уымæ æрвылбон цæст дарынц.
Хъармгæнæн афоны райдайæны агъоммæ амынд куыстуаты бригадтæ тæвддæттæн, стæй донуадзæн æмæ канализацион системæты куыст сбæлвырд кæнынц, цæстдарæн-барæн ифтонггæрзты уавæр рабæрæг кæнынц, стæй баихсийæг хæтæлтæ ногтæй баивынц.
Фæззыгон-зымæгон заман дæр «Водоканал»-ы специалисттæ дон æмæ тæвдуадзæн системæты æнæкъуыхцы куыстмæ æхсæвæй-бонæй цæст дарынц, къуылымпы-
дзинæдтæ æвæстиатæй аиуварс кæнынц, социалон уагæй ахадгæ объ-
екттæ температурон фæтк цæмæй æххæст кæной, уымæн фадæттæ арæзт æрцæуынц. Горæтæгты цæрæнуæттæм хъарм цæмæй æнæкъуылымпыйæ цæуа, специалистты фæллой уымæн ахъаз кæны.














