Кусæнгæрзтæй ифтонг

0
88

Ацы аз авд цæгатирыстойнаг агротехнологон къласы сифтонг кодтой кусæнгæрзтæй. Уымæй уæлдай, амынд кълæсты кусæг ахуыргæнджытæ æмæ специалисттæ райстой фæйнæ 30 мин сомæй фылдæры бæрц разæнгардгæнæн фиддонтæ.

Ныридæгæн нæ регионы кæй сарæзтой, уыцы 26 агротехнологон къласы фæрцы ахуырдзаутæ агрономийы, биотехнологийы, экологи æмæ агробизнесы къабæзты райсынц парахат зонындзинæдтæ. Практикон иртасынад æмæ фæлварæнтæ æххæст кæныны фадат кæй фæрцы ис, амынд кълæстæ ифтонггонд æрцæуынц ахæм нырыккон кусæнгæрзтæй.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: аграрон дæсныйæдты кад фæуæлдæр кæныны, къабазмæ æрыгон специалистты æрбахонын æмæ сын сæ цæттæдзинады къæпхæн фæуæлдæр кæныны хæс æвæрд кæуыл ис, ацы азæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны Хъæууон хæдзарады министрад æххæст кæны национ проект «Хойраджы  æдасдзинады технологон ифтонгад»-мæ хауæг ахæм регионалон проект «Кадр-
тæ агропромышленнон комплексы».

 

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here