Цард ахæм хистæртæй фидауы

0
91

Адæймагæн номгæнæг йæ цæргæ азты нымæц не сты, кæнæ йæ бæрзондкъæлæтджын бандоныл бадыны бынат. Ном ын кæнынц йæ царды рæсугъд фæндæгтæ – адæмы ‘хсæн уарзонæй цæрын, царды æгъдæуттæ сæрбæрзондæй æххæст кæнын, хæларзæрдæ æмæ цæстуарзон уæвын. Йæ рацыд, йе сныхасæй кæстæртæн йæхи фæзминагæй чи февдисы, уыдон.

Ахæм фæзминаг хистæрæй Стыр Хуыцау схорзæхджын кодта нæ сыхы цæрджыты. Уый у нæ разагъды хистæр Хуыбецты Жорик. Чи радзурдзæн йæхицæй рæсугъддæр æмæ бæстондæр зианы уæлхъус. Хуыздæр арфæйы ныхæстæ чи ссардзæн æрцæуæг æмæ фыдæбонгæнæг адæмæн. Нæ дзы ферох уыдзæн, зианæн йæ цæргæйæ чи балæггад кодта, уыдонæн дæр адæмы ‘хсæн арфæ ракæнын. Абон фехъусæн вæййы, ацы, æмæ ма ноджы цины æмæ зианы фынгтæм æгъдау раттынмæ æххуырсгæ хистæрты кæй æрбахонынц. Бирæ хабæрттæ æрцæуы нæ сыхы, æмæ Жорик кæддæриддæр æнæзивæгæй сæххæст кæны æгъдæуттæ.

Нæ сыхы бирæ æрыгон лæппутæ ис, кæцытæ бирæ уарзынц нæ ирон æгъ-
дæуттæ. Арæх бахатынц Жорикмæ, иу кæнæ иннæ æгъдау куыд рæсугъддæр скæнæн ис, зæгъгæ. Тынг æхсызгон ын вæййы, кæстæртæ ахæм цымыдис кæй сты не ’гъдæуттæм, æмæ сын зæрдиагæй бамбарын кæны æппæт дæр.

Жорик бирæ азты фæкуыста завод «Топаз»-ы хрусталы цехы сæргълæу-
уæгæй. Чи бацамондзæн дыккаг ахæм сæргълæууæджы, йæ ном бирæ азтæ рацæугæйæ дæр табуйагæй кæмæн мысынц. Йæ дæлбаргонд кусæг адæм дзы кæддæриддæр уыдысты бузныг æмæ сæрбæрзонд. Дæсгай азтæ рацыди, завод йæ куыстæй куы ‘рлæууыд, уæдæй абонмæ, фæлæ нæм ныры онг дæр
хъуысынц заводы уæды кусджыты арфæтæ Жорикæн. Йæхи цехы кусджытæ та дисгæнгæ æрымысынц, уал азы йын йæ уайдзæф, йе ’фхæрæн ныхас кæй ничи фехъуыста. Ахæм куыстуаты-иу æнæ галиу архайд акæнгæ кæм уыдысты, æмæ-иу йæ цæст кæд исты ацахста, уæд, дам-иу йæхæдæг фефсæрмы æмæ йæхи иннæрдæм фæзылдта. Уый йын уыди æмбарынгæнæн фæрæз. Никуы бафхæрдта, никуы бауайдзæф кодта, никуы бацыди кусæджы зæрдæхудты. Йæ амал куыд уыди, афтæ архайдта заводы иннæ фæллойгæнджыты зæрдæтæ дæр балхæныныл йæ цехы рауагъд продукцийæ. Уæдæ йæм-иу исчи куысты бынат агурæг куы бахатыд, уæд-иу æй æнæ дзуаппæй никуы рарвыста. Йæхи цехмæ-иу фадат куы нæ амыдта, уæддæр ын-иу æндæр ран бынат ссардта. Уымæн ын абоны онг дæр стыр салæмттæ рæсугъд арфæтимæ æрвитынц заводы уæды кусджытæ. Рох æй нæ кæнынц. Хъыгагæн, цард гæххæттыл анывгæнæгау нæу. Вæййы дзы хур райдзаст бонтæ дæр æмæ æнтъыснæг бонтæ дæр. Хъысмæт та æгъатыр у, фæзæгъынц, æвзæр – хорз не ’взаргæйæ тæрхон кæны. Жорик бавзæрста хъысмæты уæззау цæфтæ, фæлæ цардмæ йæ зæрдæ нæ фæхъæбæр, адæмимæ йæ ахастдзинæдтæ нæ фæлæмæгъдæр сты. Йæ уд фидар у хæлардзинад æмæ цæстуарзондзинадæй. Ам ын æххуысгæнæг сты йæ кæстæртæ. Кæдæмдæриддæр æй бацагурынц æгъдауы фæдыл, уырдæм æнæзивæгæй фæраст вæййы.

Жорикыл кæд азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр йæхицæн бар нæ дæтты рæстæг æнæ пайдайæ æрвитынæн. Йæ рæзгæ бонтæй фæстæмæ йæ зæрдæмæ арф райста хистæрты ныхæстæ: «Зæхх – не схæссæг, нæ дарæг». Фæлтæрддзинад дæр æм ис æмæ уарзондзинад дæр, ныййарæг мадау нæ йæ хъарм æмæ бæркадæй чи рæвдауы, уыцы зæхмæ. Æрвылбон зæрдæрайгæйæ фæцæуы йæ цæхæрадонмæ. Зилы дыргъбæлæстæм, тауы æмæ æрзайын кæны алыхуызон халсартæ. Цы бæркад сисы йæ фыдæбонæй, уымæй та зæрдиаг хай бакæны хионтæн, барæвдауы дзы йæ сыхæгты дæр.

Дæ къухвæллой, дæ фыдæбоны бæркад ноджы фылдæр кæнæд – ахæм арфæтæ райсы, йæ бæркадæй кæй фæхайджын кæны, уыдонæй.

Нæ кадджын хистæр Жорик! Бирæ азты ма нын дзæбæхæй, æнæнизæй фæцæр дæ кæстæрты хорздзинæдтæ уынгæйæ!

 

ЦÆРУКЪАТЫ Азæ,
æхсæнадон
уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here