Зымæгон фæлладуадзæн рæстæджы райдайæны агъоммæ эксперттæ бæрæг кæнынц Цæгат Ирыстоны хæххон курортты лыжæтыл бырæн фæндæгты техникон уавæр.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Экономикон рæзты министрады пресс-службæ.
Министрады минæвар куыд радзырдта, афтæмæй уал абоны онг специалисттæ раиртæстой туристон базæ «Порог неба»-йы (æрбынæттон Дыгургомы) лыжæтыл бырæн трассæйы уавæр. Цæстдарæг къорды минæвæртты хатдзæгмæ гæсгæ, фæлладуадзæн тæлмы лыжæтыл бырæн фæндаг дзуапп дæтты техникон домæнтæн.
Ахæм куыст эксперттæ ныртæккæ кæнынц Мамысоны комы дæр. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг зымæгон фæлладуадзæн сезон хъуамæ байгом уа курорт «Мамысон»-ы дæр. Уыимæ, уыцы ран лыжæтыл бырæн фæндæгтæ уыдзæн цалдæр – «хуымæтæгæй» райдай æмæ «вазыгджын, карз» трассæтæй фæу. Уыцы æууæл хынцгæйæ, цæстдарæг къордæн комы фылдæр куыст ис.
Экономикон рæзты министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй цæстдарæг архайд ис сертификаци æмæ экспертизæйы сæрмагонд центр «Омск-Тест»-ы минæвæртты бæрны.
«Цъæйгомы кой куы кæнон, уæд уыцы бынаты лыжæтыл бырæн трассæйы хицæуттæн дæр фехъусын кодтам, сæ бæрны уæвæг объектæн техникон раиртæст саразын кæй хъæуы, уый. Бамбарын сын кодтам, ахæм классификаци арæзт куы не ’рцæуа, уæд лыжæтыл бырæн трассæйæн закъоны бындурыл кусыны фадат нæ уыдзæн. Нæ зæрдæ дарæм, хæххон лыжæтыл бырæн республикæйы æппæт фæндæгтыл дæр классификацийы мадзæлттæ афойнадыл æххæстгонд кæй æрцæудзысты æмæ уыцы объекттæ нормативон домæнты аккаг кæй разындзысты, ууыл», – йæ хатдзæджы фæбæрæг кодта туризмы къабазы уавæрмæ цæстдарды хайады хицау Цæболты Алыксандр.
Экспертон къорды куыст арæзт цæуы цалдæр къæпхæнæй. Фыццагдæр, бæрæггонд æрцæуы хъæугæ гæххæттыты цæттæдзинад, уый фæстæ бынаты раиртасынц трассæты уавæр. Техникон аиппытæ кæд разыны, уæд бæлвырд æмгъуыд лæвæрд цæуы сæ аиуварс кæнынæн…
КАЛМАНТЫ Аслан














