Ногазон армукъатæ

0
122

Дзæуджыхъæуы байгом сты ногазон базартæ. Армукъаты балхæнæн ис назтæ, нæзыбæлæстæ, стæй ацы бæлæстæн аивгæнæнтæ. Зайæгойы æппæт аиппытæ цæмæй разыной, уый тыххæй специалисттæ адæмæн фæдзæхсынц бæлæстæ боны рухсмæ æлхæнын.

Башкирийæ, Пермы край æмæ Дæллаг Новгороды облæстæй  нæ регионмæ æрбаластæуыд æхсæз мин ногазон бæласæй фылдæр. Амæй размæ куыд уыд, афтæ ацы хатт дæр бæлæсты æппæтæй егъаудæр базар æрбынæттон Дзæуджыхъæуы Олимпиаг паркмæ ’ввахс ран. Ам балхæнæн ис фыдыбæстон æмæ фæсарæйнаг нæзыбæлæстæ. Æдæппæтæй нæ республикæйы сæйраг горæты кусынц авд ногазон базары.

– Армукъатæй фæстæмæ адæмы удæнцойдзинадæн нæ горæты кусдзысты чысыл ногазон базартæ дæр. Сæ нымæц уыдзæн ссæдзæй фылдæр. Пиротехникон дзаумæттæ, петардæтæ æмæ фейерверктæ ногазон армукъаты уæй кæнын кæй не ’мбæлы, амалиуæггæнджытæн уый сæрмагондæй хъусын кæнын. Амынд дзаумæттæ уæй кæнын хъæуы сæрмагонд дуканиты, – зæгъы Дзæуджыхъæуы администрацийы амалиуæгады управленийы хицауы хæдивæг Борæдзаты Константин.

Ногазон армукъатæм цæуæг æлхæнджыты нымæц бонæй-бон фылдæр кæны.

Бæрæгбæтты агъоммæ фыдгæнджытæ нæзыбæлæстæ æнæзакъонæй калын кæй райдайынц, уый нымайгæйæ, барадхъахъхъæнджытæ горæты фæдзæхст бынæтты
фæзуæттæм цæст лæмбынæгдæр дарын райдыдтой. Цæстдарæн мадзæлттæ æрдз бахъахъхъæнынæн ахъаз кæнынц.

Нæзыбæлас закъонон уагæй акалдтой æви нæ, ногазон бæлæстæ базарадон бынæтты æлхæнæг адæймæгтæм ис уый сбæлвырд кæныны бар.

Ногазон базартæ кусдзысты 31 декабры онг.

Вадим Ганжа

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here