Минæвæртты æмбырды депутатты уынаффæтæ

0
93

Уыд Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды радон сесси. Амыдта йæ ТАБОЛТЫ Сергей. Йæ архайджытæ æрдзырдтой фидæн азæн Дзæуджыхъæуы бюджеты проектыл, стæй горæты царды æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Депутаттæ иуæй-иу фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ бахастой 2026 азæн муниципалон исбонады объектты приватизацийы пъланы уагæвæрдмæ. Минæвæртты æмбырды депутатты хъуыдытæ хыгъд æрцæудзысты пъланы кæронбæттæн проекты.

2026 азæн горæты бюджеты проектыл куыст куыд цæуы, уый тыххæй раныхас кодта администрацийы финансон управленийы разамонæг Цохъты Хъазыбег. Йæ ныхасмæ гæсгæ, амæй размæ азты куыд уыд, афтæ ныр дæр Дзæуджыхъæуы сæйраг финансон документы стыр æргом здæхт æрцæудзæн социалон нысаниуæджы статьятæ æххæст кæнынимæ. Уыдоны нымæцы – бюджетон къабазы кусджыты мызд æмæ граждæнты хицæн къордтæн пособитæ, социалон-экономикон рæзты муниципалон программæтæ æмæ афтæ дарддæр.

Управленийы разамонæджы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, фидæн азæн горæты бюджеты æфтиæгтæ рагагъоммæ нысангонд цæуынц 9 миллиарды æмæ 697 милуан сомы бæрцæй, хæрдзтæ та – 9 миллиарды æмæ 411 милуан сомы бæрцæй. Рагагъоммæ нымадмæ гæсгæ, бюджеты профицит схæццæ уыдзæн 285 милуан сомы бæрц-
мæ. Хæрдзты статьятæ та нысангонд цæуынц афтæ: ахуырады къабазæн – 61 проценты бæрц, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæн – 19 проценты, паддзахадон нысаниуæджы хæрдзтæн – 8 проценты æмæ национ экономикæйæн – 6,8 проценты.

Минæвæртты æмбырды уæнгтæ æркастысты æндæр фарстатæм дæр.

Дмитрий АСТАХОВ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here