Йæ цард – Фыдыбæстæйы сæраппонд

0
73

Уæрæсейы сабыр цард æмæ æдасдзинад табуйаг кæмæн уыд, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлммæ знаджы ныхмæ хæцынмæ барвæндонæй чи ацыд, уыцы зынгзæрдæ патриоттæй иу уыд Дыгуры районы Николаевскы станицæйæ рацæуæг Ростислав УШАКОВ.

Æвзонг лæппу бынæттон астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд ацыд Гæрзифтонг тыхтæм службæмæ, арвыстой йæ Цæгатаг флотмæ. Йæ æфсæддон хæс куы ахицæн кодта, уæддæр йæ хъысмæт æфсадæй нæ фæхицæн кодта – бафыста контракт æмæ ма 12 азы службæ кодта бæстæйы денджызон тыхты. Райдайæны йæ службæйы бынат уыд нау «Адмирал Кузнецов», фæстæдæр æй раивтой доны бынты цæуæг атомон наутæй иумæ…
Фæстаг азты та уыд æфсæддон пъæлицæйы кусæг.

Йæ контракты кæронмæ ма цалдæр мæйы куы баззад, уæд Ростислав рахас-та йæ царды ахсджиагдæр уынаффæ – курдиат балæвæрдта, цæмæй, арвитой сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлммæ.

Уæлдæр командæкæнынад ын йæ курдиат сæххæст кодта, фæлæ уал ын раздæр раттой цыбыр фæлладуа-дзæн рæстæг, цæмæй йæ хиуæтты бабарæг кæна. Уый фæстæ (2023 азы) не ’мзæххон æрвыст æрцыд Херсоны облæстмæ, фистæгæфсæддон хæйттæй иумæ.

Уым йæ хæстон æмбæлттимæ хъæбатырæй хæцыд нацистты ныхмæ. Фæлæ мæй фæстæдæр, хæстон хæслæвæрд æххæст кæнгæйæ, Ростислав знаджы нæмыгдзæф фæцис. Дохтыртæ ма бæргæ архайдтой хæстоны цард бахъахъхъæныныл, фæлæ йæ цæфтæ æгæр карз уыдысты… Ростиславы лæгдзинад æмæ удуæлдайдзинадæн паддзахады ’рдыгæй аккаг аргъгонд æрцыд – саккаг ын кодтой Хъæбатырдзинады орден (йæ мæлæты фæстæ).

Æдзард хæстоны фыд Владимир Ушаков зындгонд у Дыгуры районы, кæны фермеры куыст. Йæ сабийы бонтæй фæстæмæ бирæ уарзы цæрæгойты, аргъ кæнын зоны æрдзы рæсугъддзинадæн, æнувыд у Райгуырæн зæххыл… Фæлæ ныр йæ цард раздæрау нал у – йæ хъæбулы мæлæт ын карды цæфау уыд. Фыдæлтæ-иу куыд загътой: хъысмæтимæ тохгæнæн нæй. Уый зæрдыл даргæйæ, Владимир йæ дарддæры цард аразы, фæллойы уды хъомыс ары…

Æмæ ма иу хъуыддаг. Æрæджы Владимирмæ æрцыд хъуыды йæ фырты хъуыддаг адарддæр кæнын – гæнæн æмæ амалæй фронтæн æххуыс æрвитын.

Ахæм фæндонимæ фермер бахатыд Уæрæсейы Адæмон фронты цæгат-ирыстойнаг хайады минæвæрттæм, цæмæй йын йе ’рвыстæгтæ фæхæццæ кæной сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлммæ. Уыцы ныхæстимæ Владимир Адæмон фронты кусджыты бæрны бакодта фондз радиостанцæ æмæ дыууæ FPV-дроны æмæ, уыцы техникæйы æнæкъуыхцы куыстæн цы ифтонггæрзтæ хъæуы, уыдон. «Уыцы техникæйы фæрцы æнцондæр уыдзæн иннæ хæстонты – кæйдæр цардæмбал кæнæ æфсымæры цард бахъахъхъæнæн», – зæгъы Владимир.

 

БÆДТИАТЫ Оксанæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here