Хуссар Ирыстоны «Цæрджыты социалон æххуысы центр» фарон сæ хыгъдмæ райстой 490 адæймаджы. Центры разамонæг Джиоты Зæринæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сæ кусджытæ лæггад кæнынц, æвæгæсæгæй, иунæгæй чи баззад, инвалид чи у, ацæргæ, сæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, уыдонæн.
Лæггадгæнджытæ сæм хæдзæрттæм бацæуынц, сæ курдиатмæ гæсгæ сын продукттæ, хостæ балхæнынц, хостæ сæм фæхæццæ кæнынц. Бахъуыдис, зæгъгæ, уæд сын баххуыс кæнынц документтæ паддзахадон æххуыс райсыны фæдыл бацæттæ кæныны. Кæд æмæ сæ искæцы йæхи æвзæр фенкъары, уæд æй уайтагъд бакæнынц пансионат «Забота»-йы æвджид.
Социалон кусджытæ дыууæ-æртæ хатты бабæрæг кæнынц фæкæсынхъуаг адæмы. Фæцæрыны æппынкъаддæры бæрц сын тынг ныллæг у, уымæ гæсгæ сын паддзахад афæдз иу хатт материалон æххуыс бакæны. Æрмæст 2025 азы æххуысхъуаг адæмæй комкоммæ социалон æххуыс райстой 100 адæймагæй фылдæр. Уый тыххæй ис Хуссар Ирыстоны Хицауады сæрмагонд уынаффæ.
Уыцы уынаффæйы руаджы гуырдзиаг экстремистты æрбабырсты рæстæг цæфтæ райсæг, 1-аг æмæ 2-аг къордты инвалидтæ, гуырдзæй инвалид уæвæг, бирæсывæллонджын бинонты, 1-аг къорды инвалидтæ, гуырдзиаг-ирон хæсты фæмардуæвæг архайæджы бинонтæ, «Цæрджыты социалон æххуысы центр»-ы хыгъды лæууæг æгуыст кæнæ куыстхъом чи нæу, сидзæр сывæллæттæ дарæг, царды уæззау уавæрты бахауæг – уыдон свæййынц социалон æххуысы хицæуттæ.
Социалон æххуыс раттыны размæ уал сбæлвырд кæнынц æфтиæгты бæрц, æрхатæг адæймаджы кар, йæ бинонты уавæр æмæ æндæр фæзилæнтæ. Æвæрæз адæймаг райсы 30 мин сомы, æвæрæз бинонтæ – 50 мин сомы. Ахæм æххуыс дыккаг хатт дæттынц, нырмæ газ кæмæ нæма ис, уыцы бинонтæ æмæ адæмæн, цæмæй сæ бон суг æмæ æвзалы балхæнын уа. Уæд радих кæнынц 20 мин сомы. Уыдæттæ конд цæуынц Хуссар Ирыстоны Фæллой æмæ социалон æххуысы министрады фæрцы.
Уалыты Гугули














