Ленинград: хъæбатырдзинад æмæ намысы 900 боны…

0
179

1944 азы 27 январы изæрæй радио фехъусын кодта: «Ленинград æххæстæй
суæгъд блокадæйæ, 900-бонон æрхъула фæци». Дæргъвæтин æмæ зын уыдис уыцы амондджын бонмæ фæндаг. 1941 азы июлы-сентябры немыцаг-фашистон æфсæдты къорд «Цæгат»-ы хæстонтæ, дзæвгар фылдæр уæвгæйæ, советон æфсæддон хæйтты хъæддых ныхмæлæуд басæтгæйæ, бахæццæ сты Ленинграды кæрæттæм Ладогæйы цадмæ. Горæтæн бæстæйы фæсчъылдымимæ бастдзинад нал уыд. Гитлеронты ныфс уыдис горæт уазал æмæ стонгæй ныххурх кæнын, æгъатырæй йыл калдтой бомбæтæ, æхстой йæ сармадзантæй…

Горæт Ленинград (ныры Санкт-Петербург) нæ бæстæйы иннæ намысджын горæттæ-хъæбатыртимæ иумæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азфыстмæ бахаста æмбисонды хъæбатырдзинады бирæ сыфтæ. Фашистон æфсады командæгæнынады пъланты уæлдай ахсджиагдæр нысаниуæг уыдис Ленинград бацахсынæн. Ацы горæт сисынимæ гитлеронтæ бастой, канд сæ хæстон, стратегион тырнындзинад нæ, фæлæ сæ политикон нысантæ сæххæст кæныны пълантæ дæр. Уыдон хъавыдысты Ленинград зæххы цъарæй фесафынмæ, йæ цæрджыты йын фæцæгъдынмæ æмæ уымæй революцийы символы, советон хицаудзинады кой дæлсыджыт фæкæнынмæ.

Ленинградмæ бабырсыны тыххæй гитлеронтæ сарæзтой хъомысджын æфсæдты къорд «Цæгат». Уыдис дзы 29 дивизийы, уыдонæй 6 – танкон æмæ моторизацигонд дивизитæ. Бабырсты райдайæнмæ фашисттæм фистæг æфсад уыдис махонтæй 2,4 хатты фылдæр, сармадзантæ æмæ минометтæ –  5,8 хатты, хæдтæхджытæ – 9,8 хатты фылдæр.

Ахæм фылдæр тыхты ныхмæ фæлæууын æмæ сыл фæуæлахиз уæвыны фаг хъарутæ нæ уыд не ‘фсæдтæм æмæ фæстæмæ алæууыдысты, фæлæ советон зæххы иунæг метр дæр æнæ карз тохæй нæ раттой, Ленинград бахъахъхъæныныл хæстыты æхсарджынæй тох кодтой фистæг цæуæг æфсæдтæ, Балтикæйы денджызонтæ, горæтæн йæхи фæллойгæнджытæ.

Ленинградæгтæ цы сгуыхтдзинад равдыстой, ахæм историйы никуы уыд. Невайы цæугæдоны былгæрæтты æрæнцайæг горæт 900 боны æмæ æхсæвы уыдис фашистон блокадæйы. Уазал, стонг, иугæндзон æхстытæ æмæ бомбæты рæмыгъд –  ницы басаста ленинградæгты. Сыд, æххормаг, ихсыд горæт лæууыд æнæфæцудгæ, фæразондзинады, хъæддыхдзинады, фидар æгъдауы, ныфсы æнæфенгæ дæнцæг æвдисгæйæ. Ленинград бафæрæзта, Ленинград нæ фæтасыд, Ленинград фæ-
уæлахиз!

Ленинградыл тох уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты карздæр тохтæй иу. Уый райдыдта 1941 азы 10 июлы æмæ фæци 1944 азы 9 августы. Карз тохты фæстæ 1941 азы 8 сентябры фашистон æфсæдтæ æрхъула кодтой Ленинградыл, сур зæххыл æм бацæуæн нал уыд. Райдыдта горæты блокадæ. Бастдзинад ма йын уыдис «стыр зæххимæ» Ладогæйы цадыл, «Царды фæндаг» кæй хуыдтой, ууылты æмæ уæлдæфыл. Фашисттæ сфæнд кодтой сармадзанты нæмгуытæй æмæ бомбæтæй Ленинград зæххимæ сæмвæз кæнын, йæ хъахъхъæнджыты йын стонгæй амарын. Ленинграды цæрджытæй иу милуаны бæрц фесты гитлерон лæгсырдты амæттаг.

Фæлæ горæт байсыныл фашистты æппæт фæлварæнтæ дæр фæсыкк сты. Ленинград нæ бакуымдта басæттын. Кæд нацисттæ Франц 43 бонмæ бацахстой, Голланди –  5 бонмæ, уæд Ленинграды къулты цур та фæлæууыдысты 2,5 азæй фылдæр. Карз хæстыты знаг сæдых, уый фæстæ йæ Ленинград хъахъхъæнджытæ ныгуылæнмæ атардтой.

 

Знагыл фыццаг хъомысджын цæф æруад 1943 азы 18 январы, уæд аскъуыдæуыд блокадæйы æрхъула æмæ горæтæн «стыр зæххимæ» бастдзинад фæзынд, йæ фæтæн 8-11 километры кæмæн уыд, ахæм «къæлидор»-ы фæрцы. Уымæй иу аз фæстæдæр та, 27 январы, радио фехъусын кодта: «Ленинград æххæс-
тæй суæгъд знаджы блокадæйæ». Райгуырæн бæстæ салют ратта, горæты къулты цур знаджы ныддæрæнгæнæг Ленинграды æмæ Волховы фронтты намысджын хæстонты кадæн. Уый уыдис Ленинградыл тохы æппæт эпопеяйы, горæт-хæстон, горæт-хъæбатыры æппæт удæгас æмæ фæмардуæвæг хъахъхъæнджыты кады салют.

Ленинград бахъахъхъæныныл стыр тохы архайдтой нæ бæстæйы æппæт адæмты сæдæгай мин минæвæрттæ. Адæмты хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинад уыдыс-
ты Ленинград æрхъулайæ ссæрибар кæныны сæйраг ратæдзæнтæй иу, куыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизæн дæр, афтæ. «Ленинград бахъахъхъæныны тыххæй» майдантæй схорзæхджын кодтой 1,5 милуан адæймаджы, горæт хъахъхъæнæг 226 æхсарджын хæстонæн æмæ командирæн та лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном.

Ленинградыл тохы æхсарджын хъахъхъæнджыты ‘хсæн ирыстойнæгтæ уыдис 3,5 мин адæймагæй фылдæр. Иннæ адæмты минæвæрттимæ иумæ уыдон аккаг бавæрæн бахастой Ленинграды бынмæ немыцаг-фашистон æфсæдты ныддæрæн кæныны хъуыддагмæ. Не ‘мзæххонтæй Ленинград чи хъахъхъæдта, уыдонæй 10 систы Советон Цæдисы Хъæбатыртæ: Бицаты Сергей, Юрий Бунимович, Бзарты Георги, Га-
джиты Алыксандр, Василий Коняхин, Александр Мнацаканов, Григорий Пасынков, Аркадий Селютин, Цоколаты Геннади æмæ Мамсыраты Хаджумар. Ленинград хъахъхъæнджыты ‘хсæн уыдысты не сгуыхт инæлæрттæ Хъараты Георги, Цæлыккаты Хъантемыр æмæ Бæройты Михал дæр.

Ленинградыл тохы фыццаг бонтæй фæстæмæ Балтийы арв хъахъхъæдта денджызон тæхæг-куынæггæнæг Цоколаты Геннади. Уый сарæзта 309 хæстон атахты, скуынæг кодта 300 фашисты, ныддæрæн кодта 10 урсфиннаг катеры. 61-æм авиабригады командæгæнынад Цоколаты Геннадийæн Советон Цæдисы Хъæбатыры ном раттыны тыххæй курдиаты фыста: «Прекрасный мастер воздушного боя старший лейтенант Цоколаев своим героизмом всегда увлекает за собой на подвиги весь летный состав… Только за период с 12 марта по 4 апреля 1942 года, участвуя в 8 групповых воздушных боях при охране войск 54-й армии, лично сбил 3 и в группе –
9 самолетов противника».

1942 азы 14 июны Цоколаты Геннадийæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры бæрзонд ном. Цоколайы-фырт хæсты азты æдæппæт сарæзта 510 хæс-
тон атахты, æрæппæрста знаджы 23 хæдтæхæджы.

Ленинград чи хъахъхъæдта, уыдонæй ма ранымайдзыстæм цалдæры: Абайты Михал –  хæсты азты 26-æм гвардион куынæггæнæг авиацион полчъы штабы хицау, Куыдзиаты Къоста –  1-аг ранджы капитан, Тæхъулты Уырысхан –  НКВД-йы 20-æм дивизийы 9-æм æхсæг полчъы хистæр дохтыр, Залеты Юри –  тæхæг, æхсæг дивизийы политхайады хицау, дæлбулкъон Дзаттиаты Дмитри (Бутка)…

Æстай азæй фылдæр рацыд, Ленинград фашистон æрхъулайæ æххæстæй куы ссæрибар, уæдæй нырмæ, фæци Ленинградыл тох. Фæлæ адæмæй рох нæу горæт хъахъхъæнджыты хъæбатырдзинад. Уый махæн у патриотизмы, Фыдыбæс-
тæйыл иузæрдиондзинады, æнæбасæтгæ ныфсы дæнцæг. Ленинград хъахъхъæнджытæ, дæргъвæтин рæстæг цыфыддæр знаджы ныхмæ тох кæнгæйæ, цы фæразондзинад æмæ лæгдзинад равдыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты, уымæн историйы æмбал нæй.

Мах, ирæттæ, сæрыстыр стæм, уыцы фыддуджы ацы горæт хъахъхъæнджытимæ не ‘мзæххонтæ дæр кæй уыдысты, уымæй. Уыдонæн сæ хæстон лæгдзинады, æхсар æмæ хъæбатырдзинады хабæрттæ хъуамæ сæ зæрдыл дарой Ирыстоны абоны æмæ фидæны фæлтæртæ дæр…

Кад æмæ намыс – Ленинградæн, кад æмæ намыс – йæ хъахъхъæнджытæн!

Дмитрий АСТАХОВ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here