Слестгæнæг управленийы коллегийæ

0
95

Цæгат Ирыстоны Слестгæнæг управленийы коллегийы уæрæх æмбырды архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Коллегимæ рахастæ-уыд Слестгæнæг ведомствæйы фæзынды 15 азы æмæ ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнтæ.

Æмбырд амыдта управленийы разамонæг Валерий Устов. Республикæйы Сæргълæууæг йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы ведомствæйы кусджытæ закъонад æмæ барад ахадгæ хуызы хъахъхъæнынц. «Абон сæ бæлвырд, хъуыдыджын, бæстон куысты фæрцы адæмы æууæнк паддзахадыл фылдæр кæны. Стырдæр уæз æрхауы слестгæнджытæм, уыдоны цур сты криминалисттæ, эксперттæ, хъуыддаг зонджытæ. Бузныг зæгъын зондамонджытæн – уыдон Слестгæнæг управленийы кадетон кълæстимæ кусынц, æцæг патриоттæ сæ аразынц», – загъта Сергей Меняйло.

Слестгæнæг управленийы разамонæг Валерий Устовы ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ Цæгат Ирыстоны ис цыппар кадетон къласы, хъавынц сæ дæсы онг байгом кæнын. «Скъоладзаутæ сæм разæнгардæй цæуынц, Алагиры 2-æм скъолайы кадетон кълас йæхи æнтыстджынæй равдыста Æппæтуæрæсеон конкурсы. Æвзонг кадеттæн раттой диплом æмæ уæлахиздзауты кубок», – бафиппайдта Слестгæнæг управленийы разамонæг. Уый ма раарфæ кодта Сергей Меняйло æмæ ахуырады министр
Алыбегты Эллæйæн, проект царды уадзынмæ сын кæй æххуыс кæнынц, уый фæдыл.

Валерий Устов æрдзырдта ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнтыл дæр. Фарон слестгæнджытæ равзæрс-той 1,2 мин уголовон хъуыддагæй фылдæр. Ныр дæр ма фыдракæндты архайджытæн сæ фылдæр сты слесты бын. Цы материалон зиан æрхастой, уый – 380 милуан сомы бæрц,  фæстæмæ раттой паддзахад æмæ фыдгæнджыты къухæй æфхæрд баййафæг адæмæн. Фыдгæнджыты исбон – 700 милуан сомæн – ахст æрцыд, уæдæ 15 азмæ Слестгæнæг управлени раргом кодта 12 мин фыдракæнды. Уголовон фыдгæнджытæй 170 бацагуырдтой бæрнондзинад, фыдракæндты зиан уыд 3,5 миллиард сомы.

Слестгæнæн управленийы кусджытæ Акъоты Хъазыбег, Гогаты Тотрадз, Дулаты Валери, Хæмыцаты Сергей, Цæболты Тамерлан, Гаджиты Зауыр æмæ Хъыргъаты Георги се ‘нтыстджын архайды тыххæй райстой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы арфæтæ æмæ хæрзиуджытæ.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here