Æнæбасæтгæ Ленинград

0
91

Советон æфсæдтæ 1944 азы 27 январы æнтыстджынæй кæронмæ ахæццæ кодтой Ленинграды æрхъула сисыны операци. Уыцы карз тохы Ирыстоны минæвæрттæй архайдта æртæ мин хæстонæй фылдæр. Уыдонимæ – Советон Цæдисы Хъæбатыртæ Бзарты Георги, Бицаты Сергей, Юрий Бунимович, Гаджиты Алыксандр, Василий Коняхин, Александр Мнацаканов, Григорий Пасынков, Аркадий Селютин, Цоколаты Геннади, инæлæрттæ Бæройты Михал, Хъараты Георги, Цæлыккаты Хъантемыр æмæ иннæтæ.

Уыцы боны кадæн Цæгат Ирыстоны Архивон службæйы сарæзтой Лæгдзинады урок, æмæ дзы архайдтой æрхъулайы уæззау азты Ленинграды цæрæг Галинæ Семенюк, фæллойы ветеран, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты истори иртасæг Хъыбызты Марæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы раз Адæймаджы бартæ хъахъхъæнæджы раз советы эксперт Агънаты Хъауырбег, стæй паддзахадон базарадон –экономикон колледж æмæ Советон цæдисы Хъæбатыр Гаджиты Алыксандры номыл 28-æм скъолайы ахуырдзаутæ, архивон службæйы кусджытæ.

Галинæ Семенюк радзырдта, Ленинграды цæрджытæ цы бирæ зындзинæдтæ, хъизæмæрттæ бавзæрстой, фæлæ уыцы уæззау азты дæр сæ ныфс фидар кæй уыд, хъæддых кæй лæууыдысты уыцы фыдæвзарæнты ныхмæ.

Хъыбызты Марæ у 47-æм Гвардион Сырхтырысаджын Ушаковы орденæй хорзæхджын Феодосийаг авиацион полчъы комиссар Хъыбызты Георгийы чызг. Уый йæ мысинæгты дзырдта уыцы полчъы командир Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр Нельсон Степанян æмæ йæ фыды иннæ æмслужбæгæнджыты хъайтардзинады тыххæй.

Агънаты Хъауырбег йæхæдæг Бетъырбухы бирæ азты фæцард æмæ мадзалы архайджыты базонгæ кодта дзулмæ, адæммæ, цардмæ хицæн, сæрмагонд «ленинградаг» ахастимæ, РЦИ-Аланийы архивон службæйы разамонæг Хайманты Барис та – Советон Цæдисы Хъæбатыр, тæхæг Гаджиты Алыксандры хæстон æмæ царды хабæрттимæ. Лæгдзинады урок мидисджын æмæ цымыдисаг рауад. Архивон службæ бацæттæ кодта историон-документалон равдыст «Цæгат Ирыстон Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты», урочы архайджытæ базонгæ сты, Цæгат Ирыстонæй кæмæ фæсидтысты æмæ, Ленинград хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыцы хæстонты, стæй Ленинграды цæрджытæй нæ республикæмæ эвакуацигонд чи æрцыд, уыдоны номхыгъдимæ, бакастысты видеосюжет «Ленинграды æрхъула» æмæ музыкалон видеоклип «Æнæбасæтгæ»-мæ».

Кæронбæттæны колледж æмæ скъолайы ахуырдзаутæ Галинæ Семенюк æмæ Хъыбызты Марæйæн зæрдылдарæн лæвæрттæ ракодтой.

 

ГАПБАТЫ Алетæ, къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here