«Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх…»

0
81

Ирон литературæйы бындурæвæрæг, публицист, нывгæнæг Хетæгкаты Къостайы амардыл апрелы сæххæст уыдзæн 120 азы. Фæлæ Къостайы ном цæры æмæ цæрдзæн нæ адæмы зæрдæты, æнустæм табуйаг уыдзæн алкæцы иронæн дæр.

Йе ‘мдзæвгæтæй иу «Æнæ хай»-ы поэт фыста:
«Кæй чызг мыл ыскæндзæн
зæрдæхалæн хъарæг,
Кæй кæуынæй риздзæн
къæдзæх,

Кæй фæндыр
ысцæгъддзæн
мæ иунæджы зарæг,
 Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх?..»

Фæстаг рæнхъытæ сæ зæрдæмæ хæстæг айстой Цæгат Ирыстоны респуб-
ликон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнгтæ. Чи зоны, æцæгæйдæр, бæллыд номдзыд поэт æмæ йæ адæмы сæрхъуызой, цæмæй йæ мæлæты фæстæ йæ номыл дугъ ауадзой, уымæ…

«Иудзинад»-ы совет йæ хъæппæрис рахаста æхсæнады размæ: ацы аз, апрелы, Къостайы мæлæты бонмæ дугъ саразын. Нæ рагфыдæлты æгъдаумæ гæсгæ, хуыздæрты зынаргъ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй схорзæхджын кæнын. Уыцы фарстайы фæдыл цæлхæмбырдмæ æрбахуыдтой Хетæгкаты мыггаджы минæвæртты, нæ республикæйы  министрадтæ æмæ ведомствæты бæрнон кусджыты, æхсæнадон иугæндты уæнгты.

«Иудзинад»-ы советы номæй раныхас кодта
Туаты Алан.

– Нæ фембæлды сæйраг нысан у Къостайы кад æмæ номæн балæггад кæнын. Фæндон хæссæм, цæмæй иумæйагæй ахъуыды кæнæм, куыд аивдæрæй арвитæм Къостайы мысæн бон. Ирон æгъдаумæ гæсгæ, дугътæ уагътой æвæрæн бон. Къостайæн уый уыдис 120 азы размæ, 4 апрелы, æмæ мах фæндон хæссæм, цæмæй йæ уыцы бон скæнæм. Куыд зонæм, афтæмæй Къостайæн комкоммæ байзæддæгтæ нæ баззад, æрмæст йæ мыггаг. Хетæгкатæй курæг стæм, цæмæй ацы хъуыддаджы нæ фарсмæ æрбалæууой, – загъта Алан.

Уыцы хъуыдыимæ бынтон разы нæ уыдис ахуыргонд, æхсæнадон архайæг,
Хетæгкаты Къостайы номыл национ наукон-культурон центры разамонæг Æлборты Иван.

– Къоста æрмæст мыггаджы нæ, фæлæ æппæт ирон адæмы, Ирыстоны лæг уыдис. Алцæуыл хорз ахъуыды кæнæм, цæмæй нæ хъуыддæгтæ адæмы зæрдæмæ фæцæуой, – загъта Æлборы-фырт.

Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис фæбæрæг кодта, кусæг къорд саразын кæй хъæуы, уый.

– Йе ’ххуысы хай Къостайы ном скадджын кæныны хъуыддагмæ чи хæссы, уыцы æцæг патриоттæй иу у æхсæнадон архайæг Лалыты Левæ. Алы районы дæр йæхи хардзæй гом кæны Къостайы бюсттæ. Хæстæгдæр рæстæг поэты цыртдзæвæн фæзындзæн Кировы районы дæр… Къостайы «Ирон фæндыр»-ы тыххæй кæм цы æрмæ-
джытæ мыхуыр кодтой дунейы, уыдон 10 азы бæрц фембырд кодтон. Ацы чиныг мыхуыры куы рацæуид, уæд дзы æхсызгонæй пайда кæниккой ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ. Уæдæ, дугъы архайджытæн дæр хорз лæвар уаид, – загъта Хозийы-фырт.

Дарддæр раныхас кодта «Иудзинад»-ы советы уæнг Мæрзойты Тамерлан.

– Мах бæллæм хорздзинæдтæ, æфсымæрдзинады хидтæ аразынмæ. Цы хъуы-
ды нæм ис, уый адæмы иудзинадыл, хъомыладон куыстыл комкоммæ фæзын-
дзæн. Бахъуаджы рæстæг хъуамæ кæрæдзимæ æнгом балæууæм… Историон æрмæджыты, æнæмæнг, фыст уыдзæн, дугъ куыд уагътой æмæ алы лыстæг хъуыддагмæ дæр æркæсæм, уымæн æмæ Къоста цард ирон æгъдаумæ гæсгæ, – загъта Мæрзойы-фырт.

Алы мыггаджы дæр ис разагъды адæймæгтæ, бæрнондзинад уыдоныл ис. Мыггаджы хистæрты номæй йæ хъуыдытæ загъта Хетæгкаты Мурат, ацы хъуыддаджы фæсте кæй не ‘рлæудзысты, уымæй ныфс бавæрдта.

Æмбырды ма раныхас кодтой «Иудзинад»-ы советы уæнгтæ Цгъойты Тамерлан æмæ Байсонгъуырты Мухтар, стæй фембæлды иннæ архайджытæ дæр загътой сæ хъуыдытæ.
Цæлхæмбырды архайджытæ, сæ куыстæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, уынаффæ рахастой дзыллон хабархæссæг фæрæзты æххуысæй, цæмæй ирон адæм сæ хъуыдытæ æмæ фиппаинæгтæ зæгъой. Кусæг къорды сконд сфидар кодтой æмæ йын бахæс кодтой алы лыстæг фарстамæ дæр бæстон æркæсын.

ГУГКАТЫ Жаннæ, къам систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here