«Пушкины картæ»-йы фæрцы

0
71

Куыд республикæйы иннæ муниципалитетты, афтæ Мæздæджы районы фæсивæд дæр уæрæх пайда кæнынц, культурон-рухстауæн программæ «Пушкины картæ» сын цы фадæттæ аразы, уыдонæй.

Районы администрацийы пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй æрмæст 2025 азы «Пушкины картæ»-йæ спайда кодтой 2,5 минмæ ’ввахс мæздæггаг скъола-
дзау æмæ студенты.

14 азæй 22 азы онг кæуыл цæуы, уыцы фæсивæд бабæрæг кодтой дæсгай цымыдисаг концерттæ, спектакльтæ, æндæр сфæлдыстадон-рухстауæн мадзæлттæ Мæздæджы Культурæйы галуаны, районы библиотекæ æмæ горæты бæстæзонæн музейы. Уыимæ, «Пушкины картæ»-йы фæрцы æппæт мадзæлттæ дæр уыдысты лæвар.

Зындгонд куыд у, афтæмæй амынд культурон-рухстауæн программæ æххæстгонд цæуы национ проект «Бинонтæ»-йы уагæвæрдмæ гæсгæ. Уый фæрцы рæзгæ фæлтæры минæвæрттæн фылдæр фадæттæ ис культурæйы царды хабæрттæм æмхицдæр уæвынæн, сæ удварнон хъомыс бæрзонддæр кæнынæн.

Программæ «Пушкины картæ»-йыл архайд адарддæр уыдзæн ацы аз
дæр.

 

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here