Хорзæхджын æрцыдысты

0
94

РЦИ-Аланийы Хица-уады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд амыдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Архайдтой дзы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районты администрациты сæрдартæ. Ныхас кодтой респуб-ликæйы оперативон уавæр, экономикæ æмæ социалон рæзты фарстатыл.

Ацы хатт Хицауады аппаратон æмбырд райдыдта æхсызгон хъусынгæнинагæй. Куыд зонæм, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ. Сергей Меняйло бæстæйы раза-монæджы бардзырдмæ гæсгæ, сæ зæрдиаг архайды тыххæй, УФ-йы Президенты Арфæйы фыстæджытæй схорзæхджын кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Отарты Георги æмæ республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Мараты. Ахæм кадджын хæрзиуджытæ лæвæрд æрцыдыс-ты Уæрæсейы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады хъæппæрисæй, цæрæнуатон арæзтадмæ стыр æвæрæн кæй бахас-той, уый фæдыл.

Дарддæр Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег фехъусын кодта
республикæйы оперативон уавæр.

– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайынц æрвылбоны фæткмæ гæсгæ. Республикæйы хæххон районты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Ивгъуыд къуырийы дæргъы йæхи æгъдауæй рацыд иу зæй, афæдзы райдайæнæй нырмæ та – 27 зæйы. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ гом сты транспорты æппæт хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл 9 январæй 15 январмæ æрцыд 77 фæндаггон фыдбылызы. 12 адæймаджы дзы хъыгдард баййæфтой, æмæ сæ æвæстиатæй рынчындонмæ аластой. Хъыгагæн, иу адæймаг, 18 азы кæуыл нæма цыд, ахæм дзы фæмард. Ныртæккæ республикæйы фæндæгтыл лæууынц 1980 транзитон уæзласæн машинæйы, электронон рады та æнхъæлмæ кæсынц 1355 уæзласæн машинæйы. Ивгъуыд къуырийы дæргъы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызтыс-ты 12605 автотранспортон иуæджы æмæ 26510 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.

Республикæйы Мид-хъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд къуырийы дæргъы регионы æрцыд 164 фыд-ракæнды, уыдонæй раргом кæнын бантыст 91. Сбæрæг кодтой 6 æвирхъау цауы, æртæ адæймаджы сæ къух
систой сæхимæ, дыу-уæйæ та хъавыдысты уыцы æбуалгъ ми бакæнын. Дыууæ адæймаджы, сыгъдхъæс-тæ газæй хъыгдард кæй баййæфтой, уый тыххæй сæ æвæстиатæй бахъуыд дохтырты æххуыс.

Фæстаг рæстæг сарæх сты мæнг хъусынгæнинæгтæ, ахуыргæнæн уагдæтты рæмудзæн æрмæг бавæрдтой, зæгъгæ. Мидхъуыддæгты оргæнтæ, æппæт оперативон мадзæлттæ саразгæйæ, сбæрæг кодтой, мæнг кæй сты, уый. Дарддæр цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ.

«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг хайад фехъусын кодта, респуб-ликæйы эпидемиологон уавæр нывыл кæй у, уый. Куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй ОРВИ æмæ гриппæй рынчынты фылдæр хай сты сывæллæттæ. 14 адæймагмæ та разынд коронавирусон инфекци. Арæзт цæуынц æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй низ ма рапарахат уа.

Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, карантины æхгæд æрцыдыс-ты 3 рæвдауæндоны æмæ скъолаты 3 къласы. Рынчынты нымæц рæвдауæндæтты у 16 проценты,  скъолаты та – 13 проценты. Иннæ рæтты куыст цæуы æрвылбоны фæткмæ гæсгæ.

Сергей Меняйло бахæс кодта, Беслæны 18 январы æнæтæхæг аппараты æрхауд зиантæ цы фатертæн æрхаста, уыдоны цалцæггæнæн куыстытæ фæтагъддæр кæнын. Куыд сбæрæг, афтæмæй ныридæгæн баххæст кодтой
куыстыты 85 проценты.

Дарддæр ма регионы разамонæг бафæдзæхста республикæйы районтæ æмæ федералон фæндæгты уавæрмæ æркæсын, мит æмæ, æрæджы цы тыхджын дымгæ рацыд, уый фæстиу-джытæ аиуварс кæнын.

Æмбырды ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here