Куыд зонæм, афтæмæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН æрæджы кусæг фембæлд уыд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ. Уый фæдыл Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы ‘мбырд сарæзта, уым ныхас цыд, бæстæйы разамонæджы фæдзæхстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.
Бæстæйы Хицауад æмæ республикæйы хицаудзинады оргæнты размæ цы хæстæ æвæрд ис, уыдон баст сты Цæгат Ирыстоны социалон къабазы рæзты ахсджиаг фарстатимæ.
Донивылдтытæ æмæ зæйтæ рацæуынæй тас бынæттæй хæрзвадат бынæттæм цæрджыты раивыны тыххæй доклад скодта республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Тъехты Алан. Арæзтад æмæ архитектурæйы федералон министрадмæ балæвæрдтой, сæ хæдзæрттæ донивылдтытæй тæссаг бынæтты кæмæн сты, уыцы бинонты номхыгъд.
Ноджы ма пъланы ис Республикон онкологион диспансеры бындурон цалцæг. Йæ раныхасы Тъехты Алан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы аз специалисттæ бацæттæ кæндзысты проектон-сметон документаци. Уымæй уæлдай, бæстæйы Президент бафæдзæхста Дзæуджыхъæуы фондз хиды сцалцæг кæнын. Пъланмæ хаст æрцыд проектон-сметон документаци саразын æмæ хидтæ æмбæлгæ уавæрмæ гæсгæ рацаразын.
Цы фарстатыл цыд ныхас, уыдоны ’хсæн ма уыд регионы бындуронæй рацаразын цæугæдæтты былгæрæттæ. Президенты 2025 азы фæдзæхстытæм гæсгæ фидаргонд цæуынц доны былгæрæттæ Дзуарыхъæуы цур. Дарддæр ахæм фарста лыггонд æрцæудзæн Ногхъæу æмæ Суададжы дæр.
Уæлдай æргом æмбырды уæвджытæ аздæхтой Æппæтдунеон культурон-патриотон центр «Беслан. Школа №1»-ы экспозицийы арæзтадмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, куыстыты фыццаг хай 2025 азы æххæстгонд кæй æрцыд, уый. Куыстыты дыккаг хай та кæронмæ ахицæн кæндзысты ацы азы майы мæймæ.
Дарддæр ма æркастысты астæуккаг профессион ахуырады къабаз фæбæрзонддæр кæнын, социалон инфраструктурæйы объекттæ саразын æмæ хъæуты льготон ипотекæйы мадзæлттæ фæуæрæхдæр кæныны фарстатæм.
Æмбырды кæронбæттæны Дзанайты Барис республикæйы хицаудзинады оргæнтæм фæсидт, цæмæй сæ хæстæм бæрнондæр цæстæй кæсой, æмæ фæбæрæг кодта, нæ бæстæйы разамонæджы фæдзæхстытæ нæ республикæйы экономикон рæзт æмæ йæ цæрджыты хорздзинадмæ арæзт кæй сты, уый.
– Абон цы фарстатыл цыд ныхас, уыдонæн се ’ппæтæн дæр ис социалон нысаниуæг, æмæ сты ахсджиаг нæ республикæйæн. Уымæ гæсгæ афойнадыл проектон документаци бацæттæ кæнут, цæмæй сыл дарддæр профилон ведомс-
твæтимæ бакусат, – фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














