Нæ чызджытæ – хуыздæртимæ

0
98

Ивгъуыд къуыри Мæскуыйы китайаг лæгæй-лæгмæ тохты хуыз ушуйæ цыдысты Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ. Сæ кармæ гæсгæ спортсментæ дихгонд уыдысты фондз къордыл: 9-11, 12-13, 14-15, 16-17 æмæ 18 азæй хистæртæ.

Æдæппæтæй ерысты архайдтой нæ бæстæйы 34 регионæй 650 спортсмены. Уыдоны ’хсæн Ирыс-тонæй уыдысты 9-14 азы карæн фондз спортсмены, РЦИ-Аланийы Физикон культурæ æмæ спорты министрады спортивон хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ.

Не ‘взонг спортсментæй уæлдай æнтыстджындæр рауадысты 9-11-аздзыд ерысты архайæг чызджытæ Хъазиты Кирæ æмæ Чехойты Вероникæ.

Тренер Малхъарты Хетæджы хъомылгæнинаг Хъазиты Кирæ  рамбылдта дыууæ сыгъзæрин майданы. Уый фыццаг фæуæлахиз цыбыр хотыхæй хæцгæйæ, уый фæстæ та 1-аг бынат рамбылдта, даргъ хотыхтæй ерыс кæнгæйæ дæр.

Хорз цæттæдзинад равдыста Чехойты Вероникæ дæр. Æнæ хæцæнгарзæй ерысты Вероникæ бацахста 3-аг бынат æмæ хорзæхджын ссис бронзæ майданæй.

Нæ спортсментæ ацы ерыстæм сæхи цæттæ кодтой нæ зындгонд спортсмен, ушуйæ дунейы дыууæ хатты чемпион, Уæрæсейы æхсæз хатты чемпион, абон та тренер Бырнацты Маркы разамындæй.

Марк куыд зæгъы, афтæмæй, нæ чызджытæ се ’ппæт кæд хæрзиу-джытæ нæ рамбылдтой, уæддæр сты раппæлыны аккаг. «Уырны нæ, афтæ зæрдиагæй куы кусой сæхиуыл, уæд æнæмæнг сырæздзысты спорты зындгонд мастерты онг».

 

 

Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here