Нозтджын шофыр – æхсæнады знаг

0
69

Нозтджын адæймаг у æхсæнады знаг, фæлæ уымæй ноджы фылдæр знаггад хæссы нозтджын шофыр, уымæн æмæ, цы кусы, цы ми кæны, уыдоныл дзуапп раттынхъом нæ вæййы.

Нозтджын шофыры аххосæй фæндагыл æрцæуы бирæ бæллæхтæ, æмæ дзы хъыгдард чи баййафы, йæ цардæй афонæй раздæр чи ахицæн вæййы, ахæмты нымæц дæр у тынг бирæ.

Адæймаг машинæйыл куы сбады, уæд уымæй йæхимæ райсы бæрнон-дзинад канд йæхи цардыл нæ, фæлæ ма, йе ‘гъдаухалæн миты аххосæй хъыгдард баййафынæй тæссаг кæмæн у, уыдоны цардыл дæр.

Фарста ахсджиаг у канд Уæрæсейы нæ, фæлæ дунейы бирæ иннæ бæстæты дæр. Статистикæйы бæрæггæнæнтæ куыд амонынц, афтæмæй æрцæуæг фæндаггон-транспортон бæллæхты фылдæр хатт аххосджын вæййы нозтджын шофыр. Уæвгæ, фæндаггон-транспортон бæллæхтæ цæй тыххæй æрцæуынц, уыцы æртæ æххосæгтæн сæ иу у расыг шофыр.

Ахæм шофырæн йæхи куы бафæрсай, нозтджынæй машинæйыл бадæн цæй тыххæй нæй, зæгъгæ, уæд дын йæхæдæг дæр дзуапп ратдзæн: адæймаг хорз нал фæхъуыды кæны, сæвзæрæг тæссаг уавæрмæ цырд фæлæууын йæ бон нæ вæййы. Нозтджынæй машинæйыл сбадын йæ сæрмæ чи хæссы, уыдонæй ма фехъусæн ис ахæм ныхас дæр, зæгъгæ, водкæйы иу рюмкæ шофырæн ницы кæдзæн, къаддæр цыртдзаст уымæй нæ фæуыдзæн. Фæлæ хъуыддаг куыд æвдисы, афтæмæй фæндаггон-транспортон фыдбылыз саразынц, афтæ чи хъуыды кæны æмæ нозтджынæй машинæйыл сбадыны бар йæхицæн чи ратты, уыдон, сæхимæ нозтджын кæд нæ фæкæсынц, уæддæр.

Карз нозт халы адæймаджы психофизиологион процесстæ. Нозтджын шофырæн йе уæнгты хъару вæййы къаддæр, фæндагыл цæугæ-цæуын цæст афтæ уынаг нал вæййы, сæвзæрæг уавæрæн хæрзцыбыр рæстæгмæ аккаг аргъ скæнын йæ бон нæ вæййы. Зæгъæм, нозтджын шофырмæ афтæ кæсдзæн, цыма, фæнда-джы сæрты чи хизы, уыцы адæймагмæ ма баззад иу-30 метры, афтæмæй та уыдон 15-18 метрæй фылдæр нæ вæййынц. Æппæт уыдæттæ æркæнынц фæндаггон-транспортон бæллæхтæм. Канд уый нæ, фæлæ ма уыцы бæллæхты фæстиуджытæ вæййынц тынг уæззау – шофырæн йæхицæн дæр, стæй, кæй бахъыгдара, уыдонæн дæр.

Уымæ гæсгæ, уæ хорзæхæй, гыццылдæр нозтджын куы уат, уæддæр машинæйы ма бадут. Хъахъхъæнут уæхи дæр æмæ уæ алыварс адæмы дæр.

 

Медицинон
профилактикæйы
республикон центр

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here