Туризм æмæ уазæгуарзондзинады бындуртæ

0
78

16 цæгатирыстойнаг скъолайы кусынц, туризм æмæ уазæгуарзондзинады бындуртæ кæм ахуыр кæнынц, ахæм профилон 18 къласы.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.

Пресс-службæйы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ахæм тематикон
ахуыртæ рæзгæ фæлтæрæн дæттынц туризмы къабазимæ баст дæсныйæдты сусæгдзинæдтæ базоныны, республикæйы хъæздыг истори, хæдбындур культурæ æмæ æрдзон хицæндзинæдтæ бæстондæр раиртасыны фадат.

Фæсивæдон туризмы республикон центр æмæ æндæр профилон ведомствæты специалисттæ зæрдиагæй архайынц амынд куысты, скъоладзаутæн аразынц æппæтвæрсыг зонадон-рухстауæн семинартæ, конференцитæ, æндæр ахæм ахуырадон мадзæлттæ.

«Регионы экономикæйы дарддæры райрæзты нысантыл кусгæйæ, фæсивæды профориентацийыл хъуыды кæнгæйæ, бирæвæрсыг æмархайд цæуы республикæйы иумæйагахуырадон кусæндæттимæ. Уыцы куысты хорз ахадындзинад ис, рæзгæ фæлтæры минæвæртты бирæ хъæугæ дæсныйæдты бындуртыл кæм ахуыр кæнынц, уыцы профилон кълæстæн. Ахæм тематикон ахуырадон семинарты ныридæгæн архайынц сæдæгай лæппутæ æмæ чызджытæ», – профилон ахуырады фарстатыл дзургæйæ, бафиппайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Дмитрий Астахов

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here