РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис профилон министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæн цы æмбырд сарæзта, уым ныхас рауад Цæгат Ирыстоны цæрæнуатон цæстдарды службæйы куысты фæткыл.
Зындгонд куыд у, афтæмæй 2025 азы онг Паддзахадон цæрæнуатон æмæ архитектурон-арæзтадон цæстдарды службæ уыд хицæн структурæ. Ацы азы райдайæнæй фæстæмæ та амынд службæ йæ куыст æххæст кæндзæн РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады дæлбар управленийы хуызы. Ныр профилон республикон ведомствæты разамонджытæ фæбæрæг кодтой ног управленийы дарддæры куысты фæтк.
Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæрæнуатон цæстдарды ног управлени ахадгæ хуызы адарддæр кодта йæ куыст. Управленийы специалисттæ æнгом æмæ пайдайаг æмархайд кæнынц разамонæг компанитæ æмæ æндæр профилон структурæтимæ.
Боны фæткы фарстатыл дзургæйæ, Дзанайты Барис ведомствæты раза-
монджыты æргом аздæхта къабазы æнæкъуыхцы архайды ахсджиагдæр фарстатæм. Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, фыццаградон æргом сæхимæ домынц разамонæг компаниты архайдмæ цæстдарды фарстатæ. Уыцы куыстмæ фылдæр æргом аздахын хъæуы районты разамонджыты ‘рдыгæй дæр. Уыимæ, æппæт сæвзæргæ фарстатыл цы куыст цæуы, уый тыххæй информаци афойнадыл хъуамæ хæццæ кæна цæрджытæм дæр.
– Цæрæнуатон цæстдарды управленийы бæстон архайдæй бирæ аразгæ у республикæйы адæмы нывыл æмæ æппæтфадатджын цард. Регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйло не ‘ппæты размæ дæр цы бæрнон хæстæ æвæры, уыдоны ‘хсæн сæрмагонд нысаниуæг ис регионы адæмы æрвылбоны цардæн фæрныгдæр уавæртæ аразыны хъуыддагæн. Уыцы ахсджиаг фарстатыл бакусын хъæуы æмхъаруйæ, – бацамыдта Хицауады Сæрдар.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














