Талатæ ныссадздзысты

0
89

Цæгат Ирыстоны хъæды фæзуæттæ ногæй саразын æмæ сæ бахъахъхъæныны фæдыл куыст дарддæр цæуы.

Ацы аз республикæйы территорийыл ныссадзынмæ хъавынц алыхуызон бæлæсты – сырх тулдзы, кæрзы, æнгуз æмæ тæрсы – 65 мин талайы. Ногсагъд талаты фæзуат бацахсдзæн 45 гектары.

Нæ хæс у уæлдæф сыгъдæг кæнынæн æмæ адæймаджы æнæниздзинад фидар кæнынæн ахъазгæнæг æрдзон хъæд фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын. Талатæ садзыны куыст æххæстгонд цæуы национ проект «Экологон фæрныгад»-мæ гæсгæ. Æрвылаз ацы куысты архайынмæ рацæуынц канд хъæды хæдзарады специалисттæ нæ, фæлæ бархионтæ æмæ сывæллæттæ дæр. Талатæ садзыны куысты архайæг адæймæгты фæнды Райгуырæн бæстæйæн исты хорздзинад скæнын.

 

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here