Ног программæ цæттæ кæнынц

0
68

Политикон парти «Иугонд Уæрæсе» ног Адæмон программæ цæттæ кæны. Алы адæймагмæ дæр ис хи фæндон бахæссыны бар.

Ацы мæйы кæрон «Иугонд Уæрæсе» кæй сараздзæн, уыцы регионалон æмбырды рæстæг ныхас цæудзæн Адæмон программæмæ гæсгæ æххæстгонд куыст æмæ ног программон документмæ бахæссинаг фæндæттыл.

– Партион проектты фæрцы фæстаг цалдæр азы дæргъы бирæ хъуыддæгтæ сарæзтам: æхсæнадон фæзтæ аив кæнæм, ахуыргæнæндæттæ бындуронæй цалцæг кæнæм, адæмы хæдзæрттæм æрдзон газ бауадзæм, хъæуты  Культурæйы хæдзæрттæ æмæ посты хайæдтæ рацаразæм, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинойнæгтæн æххуыс кæнæм. Фæлæ рæстæг нæ размæ ног хæстæ æвæры. Бæстæйы уавæр кæй фæивта, уымæ гæсгæ Адæмон программæмæ ивддзинæдтæ бахæссын кæй æмбæлы, уый нымайгæйæ, адæмæй фæндæттæ æмбырд кæнæм, – загъта «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады нымæрдар, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Алы адæймагмæ дæр ис хи фæндон сайт «есть результат.рф»-мæ барвитыны бар. Æппæт фæндæттæ иртæст æрцæудзысты, ахсджиагдæртæ та бахæсдзысты ноггонд Адæмон программæмæ.

– Æрмæст дзыллæтимæ комкоммæ ныхасы фæрцы хъæугæ уынаффæтæ рахæссæн кæй ис, уый мæ фидарæй уырны. Цæгатирыстойнæгтæн фæдзæхсын хи фæндæттæ æнæмæнг бахæссын, – бафиппайдта Сергей Меняйло.

«Иугонд Уæрæсе» дзуапдæттæн æмбырдтæ аразы æппæт бæстæйы. Августы парти бавдисдзæн фондз азы æмгъуыдмæ нымад ног Адæмон программæ. «Иугонд Уæрæсе» ацы программæимæ архайдзæн Паддзахадон Думæмæ депутатты æвзæрстыты.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: Адæмон программæ фæзынд 2021 аз. Уыцы заман «Иугонд Уæрæсе» бæстæйы цæрæг адæмæй æрæмбырд кодта дыууæ милуан фæдзæхстæй фылдæр. Программæйы руаджы адæмы фарстатæ лыг кæнын æмæ сын сæ интерестæ хъахъхъæныны фадат кæй ис, ивгъуыд фондз азмæ уый рабæрæг.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here