«Æз ам баззайдзынæн…»

0
65

Цæгат Ирыстоны «Культурæйы хъæууон кусæг»-ы программæ йæ тыхы куы бацыд, уæдæй рацыд авд мæйы. Фыццагдæр республикæйы культурæйы артдзæстытæм кусынмæ чи æрцыд æрвыст, уыдонимæ уыд æрыгон хореограф Сæбанты Азæмæт дæр, йæ кусæн бынат – Фыййаджыбылы Культурæйы хæдзары кафджыты къорд, у йæ разамонæг.

Фыццаг бон йæ куыстмæ куы рацыд, уæддæр ма йæ сæрæй нæ хицæн кодтой хъуыдытæ. Мыййаг, куы нæ ‘рбацæуой сывæллæттæ кафджыты къорды архайынмæ, семæ иумæйаг æвзаг ссардзæн… Рацыд авд мæйы, æмæ бамбæрста, дзæгъæлы кæй тыхст. Къуыри дыууæ хатты урокты фæстæ кафджыты къордты  репетицитæм цингæнгæйæ æрбацæуынц 32 кафæджы. Уал сывæллонæн æргом кæны хореографийы сусæгдзинæдтæ, чысыл хъæуы клубы архайдæн та уый чысыл хъуыддаг нæу. Сывæллон рынчын кæнын дæр зоны, æмæ сæ исчи куы фæцух вæййы, уæд уый дæр зын у сæ разамонæгæн, иннæты фæстæ баззайдзæн, зæгъгæ.

– Мæхæдæг мæхимæ хæлæг кæнын, ахæм кусæг нæм кæй æрхаудис, уымæй. Йæ куыст бирæ чи уарзы, ахæм лæппу у Азæмæт. Сæйрагдæр та уый у, æмæ хорз æмбары, хъæууон клуб иунæг сфæлдыстадон артдзæст кæй у. Йæ бон æмæ хъару цас у, уыйас æнæвгъау дæтты йæ зонындзинæдтæ сывæллæттæн. Æрæджы кæнын нæ уарзы, домаг у, фæлæ сывæллæттимæ тызмæг нæу. Сæ зæрдæтæм æй арф айстой уыдон дæр, – зæгъы Азæмæты тыххæй Культурæйы хæдзары директор Томайты Светланæ. Дисгæнгæ дзырдта нæ уацхæссæгæн, æнцад бадгæйæ дæр йæ зæрдæ æдзух куыстимæ кæй дзуры, уый тыххæй:

– Цалынмæ кæстæртæ репетицийы фæстæ сæ уæлæдарæс ивтой, хистæр къорд та йæм цæттæ кодта, уæдмæ, цай бацымæм, зæгъгæ, æрбадтыстæм кусæн уаты. Азæмæт хъуыдыты аныгъуылд, иу ранмæ нымдзаст, стæй фæгæпп кодта æмæ, «æз цыдæр æрхъуыды кодтон» ныхæстимæ сценæмæ атындзыдта. Куы бамбæрстам, кафт æвæргæйæ йæм ног хъуыдытæ кæй фæзынд æмæ сæ тæвдæй кафджытæн бацамонынмæ кæй фæраст, уый, уæд мах дæр æрсабыр стæм.

– Мæ зæрдæмæ цæуы фыййаджыбылаг фæсивæдимæ, стæй сабитимæ  кусын. Хъæуккаг сывæллæттæ хицæн кæнынц горæтæгтæй. Горæты дæр кусын, хъæуы дæр, æмæ ам къорды нæуæдз проценты хорз арæхсынц кафынмæ, иннæтæн бынтон хорз нæ уайы, фæлæ уæддæр архайынц, сæхиуыл нæ ауæрдынц. Уый мæ зæрдæмæ цæуы. Горæты та сын бынтон æндæр ахаст ис, – зæгъы хъæууон клубы хореограф.

Ныридæгæн уал ын бантыст «Кæсгон», «Цæцæйнаг» æмæ «Чызджыты кафт» сæвæрын. Нырма сæ адæмы рæгъмæ нæма рахастой, фæлæ уыцы цаумæ дæр цæттæ кæнынц. Ахуыры азы кæрон сын уыдзæн дзуаппон концерт. Апрелы кæрон, мæйы 29-æм бон Æрыдоны цæудзæн «Кафты бæрæгбон»-ы фестиваль, æмæ уырдæм дæр цæттæ кæнынц. Кæфтытæй кæцы равдисдзысты, уый бæлвырд нæма у, фæлæ сæ æртæ дæр цæсты ахадынц.

Рæстæг дугъон бæхæй уæлдай нæу, фондз азы (программæмæ гæсгæ уыйбæрц рæстæг лæвæрд цæуы йæ архайæгæн) кæуылты атæхдзысты, уый æмбаргæ дæр нæ бакæндзæн адæймаг. Дарддæр та цы? Уыцы фарст раттам Азæмæтмæ дæр, йæ дзуапп та уыд ахæм:

– Раст зæгъгæйæ, Фыййаджыбылы Культурæйы хæдзары мæ фæнды дарддæр дæр сывæллæттæн кафын амонын. Цы хъару хардз кæнын мæ куысты мидæг, уый мæм фæстæмæ здæхы. Уымæн æмæ йæ уынын, куыд зæрдæргъæвдæй цæуынц кафджыты къордтæм, фæнды сæ хорз кафын базонын. Хистæр къорды чызджытæй иуы скъолайы фæстæ фæнды ахуыр кæнынмæ республикæйы Культурæйы колледжы хореографийы хайадмæ бацæуын.

Программæ «Культурæйы хъæууон кусæг»-ыл кæд нырма бирæ нæ цæуы, уæддæр уалдзæджы æвзар зæхх куыд стоны, цæмæй фидæны бæркадджын тыллæг ратта, уый хуызæн национ проекты фæрцы Ирыстоны хъæуты культурæйы артдзæстыты рухс кæй нæ бамынæг уыдзæн, ууыл нæ зæрдæ дардзыстæм.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ,

авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here