Уалдзæг йæ тæмæны бацыд, фæлæ, цы уарынтæ ныххæцыд, уыдон кæд хъæууон хæдзарады кусджыты скаст нæ уадзынц, уæддæр æнцад нæ бадынц.
Ацы бонты зилгæйаг фермер Дыгъуызты Зураб йæ хъæрмуæтты архайы. Рагагъоммæ сæ бацæттæ кодта, базылди сæм, æмæ ныртæккæ, Беслæн æмæ йæм Фарныхъæуæй æрвылбон æххуысмæ цы сылгоймæгты къорд фæзыны, уыдонимæ садзы бæрзонд тыллæг цы джитърийы дыууæ сорты – «Северин» æмæ «Бьерн» дæтты, уыдон.
«Фермерон хæдзарад «Фирузи» ацы культуры куыст бирæ азты кæны, ис ын бастдзинад къорд дуканиимæ, æмæ, тыллæг куы сцæттæ вæййы, уæд æй уыдонмæ ратты. Зураб архайы, цæмæй фæлхасгæнджытæм йæ продукци къаддæр аргъыл хæццæ кæна.
Уарын куы фенцайы, уæд та сылгоймæгтæ галæрыскъæфы плантацимæ атындзынц – сыгъдæг æй кæнынц йæ фароны сыфтæй, куынæг кæнынц кæрдæг. Галæрыскъæф «Альбион»-ы фæзуат æдæппæтæй у иу гектар. Сагъд æрцыд фарон, йæ тыллæг зæрдæмæдзæугæ рауад. Афтæ ма Зураб фарон балхæдта, фондз гектары фæзуат хъуамæ чи æрцахстаид, сæнæфсиры ахæм садзæн æрмæг, æмæ дзы йæ къухы бафтыд æрмæстдæр иу гектар ныссадзын. Ныр иннæ æрмæг йæ радмæ æнхъæлмæ кæсы.
– Куыддæр уарынтæ фенцайой æмæ рæстæг фæбæзза, афтæ бавналдзыстæм сæнæфсир садзынмæ. Ныртæккæ буртыты бын ис, афон ын у, зæхх базмæлыд, зæххæн йæ сой цæуын райдыдта. Зынаргъæй йæ балхæдтон, фесафынæн æвгъау у. Йæ сорт – «Молдова», дуканиты йæ фенут, æвæццæгæн. Адæмы зæрдæмæ цæуы.
Сæнæфсир æнцон архайæн культур у, хъæууон хæдзарады кусджытæ йæ «хæмпæлгæрдæг» хуымæтæджы нæ хонынц. Зæххы йын йæ къæцæл куы нытътъыссай, уæд дыккаг аз тыллæг ратты. Мæ зæрды хорз фæндтæ бæргæ ис, зæгъæм, агротуризмы цы бирæ гæнæнтæ ис, уыдонæй спайда кæнын. Чи зоны, мæ къухы бафта, – радзырдта нын Зураб.
Ацы куыстадзагъд фермеримæ рагæй зонгæ стæм, цы хъуыддагмæ бавналы, уый сырæзы. Æнæмæнг ын фехъусдзыстæм йæ фидæны æнтыстдзинæдты тыххæй.
ГАПБАТЫ Алетæ














