Проект «Разамынддæттыны практикæтæ»-йы бындурыл Цæгат Ирыстоны хицауиуæггæнæг оргæнты разамонджытæн арæзт цæуынц семинартæ. Проект æххæстгонд цæуы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй, нæ республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагимы цæстдардæй.
Ацы хатт ахуыртæ бацæттæ кодта РЦИ-Аланийы Архитектурæ æмæ арæзтады министрады коллектив. Семинары архайджытæн арфæтæ ракодта уæлдæр амынд Администрацийы разамонæджы хæдивæг Биасты Игорь. Сæйраг доклад та скодта нæ республикæйы архитектурæ æмæ арæзтады министр Бетанты Марат. Семинармæ хъусджытæн арæзт æрцыд тематикон, «Бæллиццаг горæт», хъазт дæр. Йæ нысан уыд, 3D-конструктор, зæгъгæ, бæстыхай саразын. Амынд фæткмæ гæсгæ, архайджытæ уыцы бæстыхайы алыварс сарæзтой хъæугæ инфраструктурæ, фæз цъæхфæлыстæй рацарæзтой.
Проект «Разамынддæттæг практикæтæ» стыр ахъаз у профессион фæлтæрддзинадæй кæрæдзиимæ дих кæнынæн, разамынды архайдмæ нырыккон технологитæ хæссын, нæ республикæйы хицауиуæггæнæг æппæт оргæнты архайд фæхъомысджындæр æмæ ведомствæты ‘хсæн æмархайды бастдзинæдтæ фидардæр кæнынæн. Сергей Меняйло бахæс кодта, цæмæй проекты архайой кадрты программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы минæвæрттæ дæр.
Саутæты Тамилæ














