Ныхас – хъазахъхъæгты æхсæнадыл

0
89

Æппæтуæрæсеон хъазахъхъаг æхсæнады атаман, хъазахъхъаг инæлар Виталий Кузнецов амыдта  Дзæуджыхъæуы  Терчы хъазахъхъаг æфсæддон æхсæнады атаманты советы æмбырд. Архайдта дзы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Минæвæрттæн æгасцуат зæгъгæйæ, нæ республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй, уæрæсейаг паддзахады æнæуаргæ хайыл нымад уæвгæйæ, хъазахъхъæгтæ рагæй дæр Райгуырæн бæстæ хъæбатырæй хъахъхъæдтой æмæ ныр дæр, сæрмагонд æфсæддон операци æххæст кæныны рæстæг, намысджын хæстон æгъдæуттæ кадимæ дарддæр хæццæ кæнынц.

Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, арф историон уидæгтæ цы цæгатирыстойнаг хъазахъхъаг æхсæнадæн ис, уый нырыккон уавæрты дарддæр рæзы. Арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы цур хъазахъхъæгты хъуыддæгты фæдыл кусæг къорд, сфидар кодтой Уæрæсейаг хъазахъхъæгтæм арæзт  паддзахадон политикæйы райрæзты стратеги æххæст кæныны фæдыл мадзæлтты пълан.

– Цæгат Ирыстоны архайы Терчы хъазахъхъаг-æфсæддон æхсæнадмæ хауæг Алайнаг республикон зылды хъазахъхъаг æхсæнад. Ацы иугондмæ хауæг дыууын фондз хъазахъхъаг æхсæнады уæнгты иумæйаг нымæц у чысыл хъуагæй мин фондзсæдæ адæймаджы (уыдон сты алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ). Республикæйы хъазахъхъæгтæ архайынц паддзахадон арæн хъахъхъæныны, æнæнхъæлæджы уавæртæй бахизыны æмæ сæ иуварс кæныны, зынгсирвæзтыты ныхмæ æдасдзинадæн фадæттæ саразыны æмæ æндæр дзыллон мадзæлтты. Сæрмагонд æфсæддон операци цы бон райдыдта, уыцы бонæй фæстæмæ алыхуызон дæлхайæдтæм хауæг республикæйы хъазахъхъаг æхсæнæдты уæнгтæ
Райгуырæн бæстæ хъахъхъæныны хъуыддаджы архайынц разæнгардæй. Æрæджы рахастон æххæстгæнæг хицаудзинады ног оргæн – Хæстон архæйдтыты ветеранты æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хъуыддæгты фæдыл комитет   саразыны тыххæй уынаффæ. Хъазахъхъæгты фарстаты фæдыл куыст нымад уыдзæн ацы комитеты архайды хицæн къабазыл, – загъта Сергей Меняйло.

Республикæйы Сæргълæууæг уæлдай фылдæр æргом аздæхта Цæгат
Ирыстоны æхсæнадон царды архайынмæ хъазахъхъæгты æрбаздахыны
фарстамæ.

– Горæтгæрон, Мæздæджы æмæ Дыгуры районты архайынц фондз хъазахъхъаг кадетон къласы. Нæ республикæйы цалдæр хъазахъхъаг цæрæн бынаты кæй ис, уый нымайгæйæ, уæвæн ис, æмæ амынд нывыл карст кълæсты нымæц фæфылдæр уыдзæн. Профилон ахуырады ацы къабаз фæуæрæх кæнæн куыд ис, ууыл иумæ ахъуыды кæнæм. Уымæй уæлдай, Цæгат Ирыстоны ахуыргæнæндæтты сарæзтам æфсæддон-патриотон куыстæй директорты уынаффæгæнджыты куысты ног бынæттæ. Нæ зæрды ис афæдзы кæронмæ ацы проект æппæт ахуыргæнæндæттæм бахæццæ кæнын. Хъазахъхъæгтæн фæдзæхсын ацы куыст æххæст кæнын райдайын. Нæ хæс у хъазахъхъæгты мидисджын культурон бынтæ æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæнын. Мах – хицаудзинады оргæнтæ – ацы хъуыддаджы дæр æппæтвæрсыг æххуыс бакæнынмæ цæттæ стæм, – загъта Сергей Меняйло.

Виталий Кузнецов хъазахъхъæгты æхсæнæдтæн æххуыс кæныны тыххæй Сергей Меняйлойæн бузныг загъта æмæ йын ратта «Уæрæсейаг хъазахъхъæгты райрæзтмæ стыр æвæрæн бахæссыны тыххæй» Æппæтуæрæсеон хъазахъхъаг æхсæнады майдан.

Атаманты советы æмбырды ныхас цыд организацион фарстатыл дæр.

 РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

 

 

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here