Уæлахизмæ фæндаг

0
41

РЦИ-Аланийы Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары кадджын уавæры байгом равдыст «Путь к Победе». Экспозици бацæттæ кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Цытджын Уæлахизы 81 азы боны кадæн. Уый у фæлтæрты патриотон традициты бастдзинады ирд дæнцæг.

Цæгат Ирыстоны культурæйы министры фыццаг хæдивæг Рæмонты Маринæ, равдысты архайджытæ æмæ уазджытæн арфæ ракæнгæйæ, фæбæрæг кодта куыстыты бæрзонд аивадон æмвæзад, историон цаутæ зæрдыл дарыны ахсджиагдзинад.

Равдысты архайджытæн ма арфæ ракодта республикæйы Ветеранты советы сæрдар Фриаты Хъазыбег æмæ загъта, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты алы фæлтæрты ’хсæн æнгом бастдзинад кæй ис, уый.

Равдыст баиу кодта аивады æрмдæсныдзинад æмæ нывкæнынады хуызтæ. Экспозицийы нывкæнынады хайадмæ цы нывтæ хауынц, уыдон æвдисынц, куыд ивгъуыд цауты хъæбатырдзинад, афтæ сабыр царды фæллойадон цард дæр. Уыдоны ’хсæн сты Людмила Филатовайы нывгонд хъæбатырты портреттæ æмæ Уалыты Миленæ хæстонты æрыздæхынмæ æнхъæлмæ кæсыны зæрдæагайгæ мотивтæ, историон сценæтæ: Уæлахизы тырыса (Надежда Гер) æмæ Уæлахизы парад (Къорнаты Владимир). Уалдзæджы æнкъарæнтæ æмæ Уæлахизы символизм йæ натюрморт «Цветы Победы»-йы равдыста Лариса Зеленская. Сæрмагонд ныхасы аккаг сты Гасситы Барисы нывтæ. Уыдон æргом æмæ карзæй æвдисынц хæст æмæ хъæбатыр æфсæддонты æрвылбоны цард.

Экспозицийы зынгæ бынат бацахстой хæсты рæстæджы дзаумæттæ. Уыдоны руаджы равдыстмæ æрбацæуæг адæм хуыздæр банкъардзысты уыцы азты уæз.

Равдысты зæрдæ агайынц ныры рæстæджы цаутимæ баст нывтæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы темæйыл фыст сты Ирина Бочаровайы нывтæ. Уыдон дзурынц Уæрæсейы Хъæбатырты сгуыхтдзинæдтыл.

Равдыст бацæттæ кодтой РЦИ-Аланийы Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзар, Цæгат Ирыстоны Ветеранты совет, сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æмæ «Историко-культурон рухсады центр».

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here