Хистæры фæдзæхстытæ – сомбонмæ бæлццæттæн

0
63

Ацы уалдзыгон бонты скъолайы фæстаг дзæнгæрæг райхъуысдзæн нæ республикæйы 3540 æрыгон чызг æмæ лæппуйæн, фæуыдзысты каст астæуккаг скъола, æрлæудзысты сæ дарддæры царды уæрæх æмæ алыхуызон фæндæгтыл.

Фæстаг дзæнгæрæг райхъуысдзæн, фарæстæм кълас чи фæуыдзæн, уыцы 9297 скъоладзауæн дæр. Уый тыххæй йæ социалон хызты фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй, скъолаты фæстаг дзæнгæрæджы кадджын линейкæты Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ, хъуамæ уой хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ дæр.

Скъолайы ахуыры рæстæг ахсджиаг бынат ахсы алы адæймаджы хъысмæты дæр. Суанг йæ царды кæронмæ дæр дзы рох нæ вæййынц уыцы цымыдисаг, хъæлдзæг æмæ рæсугъд азтæ, стыр фæд ныууадзынц йæ зондахасты. Адæймаг йæ зæрдыл бадары йæ ахуыргæнджыты, зондамонæг хистæрты, кæцытæ йын цæстуарзон хай кодтой сæ зонындзинæдтæй, царды фæлтæрддзинадæй, амыдтой йын раст фæндæгтæ, уарзын ын кодтой райгуырæн зæхх, фыдæлты æгъдæуттæ, мадæлон æвзаг.

Уыцы хорз хистæртæй схонæн ис Джызæлы цæрæг педагогон фæллойы ветеран Хæдзарæгаты Махарбеджы фырт Аслæнбеджы дæр.

Аслæнбег ныффыста йæ хъуыдытæ æмдзæвгæйы хуызы.

 

Рауагъдон скъоладзаутæн фæдзæхст

У цард нæ дунейы бæллиццаг,
Дзæнæтон æрдзæй у фырдиссаг!
Цæрын дзы базонут рæдау,
Лæггад дзы ма кæнут æвгъау!

Нæ Иры дзыхъхъ у н’ артдзæст, фидæн,
Зæрдиагæй архайут йæ цинæн!
Уæхиуыл ма ауæрдут куысты,
Уæлахиз цардыуаджы рæзты!

Фæдзæхсут хорз уæхи Хуыцауыл,
Уæ архайд, хъуыдытæ æгъдауыл!
Æгад ми царды у фыдох,
Сæрибарыл уа сæйраг уæ тох!

Фыдæй-фыртмæ рæстæджы дугъы,
Цырагъау ахуыргæнæг судзы…
Сæрæй йын кувут ’дзух ныллæг,
У хорзæх фиппайæг фæрнæг!

Ахуыр – царды размæ ’рвитæг,
Монон уды рухс æвдисæг.
Чиныг чи кæсы бæстонæй,
Райгонд уыдзæн уый йæ бонæй!

Ироны ном бæрзонд хæссут,
Æмгар, æмбæлццонæн бæззут!..
Хъахъхъæнут уæ цытæй тынг
Иры къонайæн йæ зынг!

Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here