Мæскуыйы Национ центр «Россия»-йы кадджын уавæры уыдис фембæлд Уæрæсейы хуыздæр постхæсджытимæ форум «Хъæуы фæллойгæнджытæ»-йы фæлгæты.
Нæ бæстæйы хуыздæр хъæуккаг постхæссæджы ном лæвæрд æрцыд Ольга Калмыковайæн Стъараполы крайæ. Хæрзиуæг ын ратта политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы генералон советы нымæрдар Владимир Якушев.
«Пост гыццыл, дæрццæг хъæуты цæрджытæм æрвылбон афойнадыл хæццæ кæныны куыст у адæмæн лæггад кæныны бæрнон хъуыддаг. Сымах сын æрмæст рафыст газеттæ æмæ журналтæ нæ хæссут, фæлæ ма сын стут ныхасæмбал дæр, «стыр зæххимæ» бастдзинад, уæлдайдæр нæ егъау паддзахады чысыл хъæуты цæрджытæн, уыимæ цыфæнды боны ахаст æмæ афæдзы афоны дæр. Арæх афтæ рауайы, æмæ сымахимæ зæрдиаг ныхас акæнынц, сæ царды цæлхдурты кой дæр ракæнынц, цæмæй уæ бон вæййы, уымæй сын баххуыс кæнут. Уымæ гæсгæ уын зæрдæбын арфæ кæнын, цы рæсугъд бæллицтæ æмæ уæм фæндтæ ис, уыдон уæ къухы бафтæнт», – загъта Владимир Якушев хæрзиуджытæ раттыны рæстæг.
Партийы генералон нымæрдар фæбæрæг кодта, посты рæзты хъуыддагмæ ныртæккæ тынг лæмбынæг цæстдард кæй ис Уæрæсейы Хицауад, Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советы ‘рдыгæй.
«Мах не ‘ппæт дæр хорз æмбарæм, Уæрæсейы Пост хъуамæ алкæддæр кæй уа куыстхъом. Сæйрагдæр та уый у, æмæ дзы хъуамæ кусой æцæг профессионалтæ, сæ куыст чи уарзы, ахæм адæймæгтæ», – загъта Владимир Якушев.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз конкурс «Хъæууон постхæссæг»-мæ лæвæрд кæй уыдис æртæ мин бавдыстæй фылдæр. 86 адæймаджы рацыдысты кæронбæттæнмæ. Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæдта Кокты Людмилæ Хуымæллæджы хъæуæй, сси конкурсы регионалон къæпхæны финалисткæ.
Конкурс арæзт цæуы национ проект «Уæрæсейы хъæу»-ы фæлгæты Уæрæсейы Пост, Хъæууон хæдзарад æмæ Нымæцон министрадтæ æмæ Уæрæсейы бастдзинады кусджыты профцæдисты æххуысæй. Йæ нысан – постхæссæджы дæсныйады кад фæбæрзонддæр кæнын æмæ хъæуты рæзтмæ фылдæр æргом раздахын.
САНАТЫ Альбинæ














