Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты фæндзай дыккæгæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Æмбырды архайдтой: РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, республикæйы прокурор Олег Апанасевич, Хицауады уæнгтæ, бынæттон хиуынаффæйады администрациты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Лæвар юридикон æххуыс кæмæн æмбæлы, адæмы уыцы къордтæ бæлвырдгæнæг дыууæ закъоны проекты æркæсынмæ рахаста Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Сæ дыууæйы фæдыл дæр фидаргонд æрцыд закъæттæ, афтæмæй, лæвар юридикон æххуыс райсыны бар ныр уыдзæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ, æбæрæгæй чи фæсæфт, уыдоны бинонтæн, террористон актты хъыгдард баййафджытæн, æнæбары сæ цæрæнбынæттæ чи ныууагъта, лигъдоныл нымад чи ‘рцыд, æппæт уыдонæн.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы квотæтæм гæсгæ куысты бынæттæ аразыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Документ амоны инвалидтæн куысты бынæттæ аразыны мадзæлттæ æмæ сын бæлвырд кæны социалон æххуысы гæнæнтæ. Уыимæ, амоны фæллойадон ахастытæ барадон бындурыл æххæст кæныны уагæвæрдтæ. Документы амынд социалон мадзæлттæй иу у хъуыддагæн бизнесмæхсæнады æххуыс.
Закъон дыккаг бакасты фидаргонд æрцыд.
Республикæйы прокурор Олег Апанасевич депутаттæн сæ размæ рахаста «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийы сывæллæтты сыгъдæг удварн æмæ се ‘нæниздзинад бахъахъхъæныны иуæй-иу мадзæлтты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Документ бæстондæр æмæ карздæр кæны ныййарджыты кæнæ, сæ бæсты сæ сывæллоны чи хъомыл кæны, уыдоны бæрнондзинад хъомылады фарстаты. Уыимæ, хъахъхъæны æнахъомты бартæ дæр.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Реуазты Ларисæ.
Депутат Дыдарты Сосланы фарст баст уыд, тамакотæ, электрон тамакотæ, снюс æмæ тамакойы æндæр хуызтæ æнахъомтæн кæй рауæй кæнынц, ахæм цаутимæ. Республикæйы прокурор куыд загъта, афтæмæй уыцы цауты фæдыл хабар æвæстиатæй фæхæццæгæнинаг вæййы прокуратурæмæ, æмæ уæд уыцы уæйгæнæн бынатæн хæрзцыбыр рæстæгмæ кæрон æвæрд æрцæудзæн.
Закъоны проект фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты.
Æнæхъомты бартæ бахъахъхъæнынимæ баст уыд, Уæрæсейы Хъæбатыр, республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Абайты Юри æркæсынмæ кæй бавдыста, «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æнахъомты æвæгæсæгдзинад æмæ сæ фыдракæндтæй бахъахъхъæныны профилактикæйы мадзæлтты тыххæй» уыцы закъоны проект дæр. Документ фылдæр кæны, бынтон тæссаг уавæрмæ чи нæма ‘рхауд, афтæмæй, зын уавæрты сывæллон чи хъомыл кæны, ахæм бинонтæн рагацау баххуыс кæныны мадзæлттæ аразын регионæн йæхи бон цæмæй уа, уыцы барадон гæнæнтæ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Реуазты Ларисæ, афтæмæй, ацы закъоны проект дæр фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты.
Фыццаг бакасты депутаттæ равзæрстой, республикæйы Хицауад æркæсынмæ кæй бацæттæ кодта, къорд ахæм закъоны проекты. Сæ иу – «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы зæххы ахастытæн уагдæттæг хицæндзинæдты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Уый фæдыл ныхас кодта паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастыты министр Тедеты Руслан. Бæрæг куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстон нымад у, йæ зæххытæ чысыл кæмæн сты, ахæм республикæйыл. Уымæ гæсгæ зæххы хæйттæ, уæлдайдæр, хæххон ран чи ис, уыцы зæххы хæйттæ уарыны фарста домы уæлдай цæстæнгас, бæрнондзинад æмæ раст ахаст. Министр куыд загъта, афтæмæй сбæрæг кодтой, æртæ мин зæххы хайы сæ рæстæджы куыд æмæ цы хуызы лæвæрд æрцыдысты, уыцы хъуыддаг, æмæ гæххæттытæ ныртæккæ сты прокуратурæйы. Уымæ гæсгæ документ бæлвырд кæны зæххы ахастытæ æргомæй аразыны бындуртæ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Качараты Олег. Фæрстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæмæ, депутаттæ Дыдарты Сослан æмæ Цæгæраты Русланмæ.
Закъоны проект фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты.
«Хицауадон сахат»-ы фæлгæты депутаттæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты райрæзт»-ы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон программæ царды рауадзын»-ы тыххæй докладмæ. Раныхасгæнæг – физикон культурæ æмæ спорты министры хæдивæг Санаты Аидæ бæстон æрдзырдта ивгъуыд азы министрады куысты бæрæггæнæнтæ æмæ ацы азы нысантыл. Куыд загъта, афтæмæй, паддзахадон политикæ æххæстгæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны районтæ æмæ хъæуты арæзт æмæ бындурон цалцæггонд цыдысты спортивон объекттæ. «Ивгъуыд аз республикæйы арæзт æрцыд регионалон æмæ уæрæсейаг спортивон мадзæлттæ 80-йæ фылдæр. Спорты алы хуызты абон архайы 313 731 республикæйы цæрæджы. ГТО-йы нормæтæ сæххæст кодтой 7 465 адæймаджы, уыдонæй 5 272 адæймаджы сæххæст кодтой сыгъзæрин майданы фаг нормæтæ. 49 адæймаджы систы УФ-йы спорты мастертæ, 547 та – спорты мастертæм кандидаттæ», – загъта министры хæдивæг.
Раныхасы фæдыл фæрстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимурмæ, депутаттæ Дыдарты Сослан, Уыртаты Азæмæт æмæ Фадзайты Арсенмæ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георги.
Депутаттæ ма цы закъæттæ æмæ закъæтты проекттæ сфидар кодтой, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Киситы Мурат, Остъаты Георги, стæй Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














