Сæ раздзоджы бафæзмыдтой…

0
34

Дыгургоммæ быдырæй хохмæ фæндаг кæм бацæуы, уый рагæй-æрæгмæ дæр йæ цæрджытæ хуыдтой Комы дымæг. Ис дзы, зæрдылдарæн кæмæй фæзæгъынц, ахæм цалдæр бынаты. Сæ иу – Æрæфы знæт цæугæдоны сæрмæ 60-70 метры бæрзæндæн хид. Ууылты фæндаджы иу къабаз рахизырдæм бахизы рагон Дидинаты æрдузмæ, уый æрæнцад хохы тæккæ хæдрæбын æмæ зындгонд у йæ диссаджы æрдзон хъæздыгдзинæдтæ – сойджын уыгæрдæнтæ æмæ тар хъæдтæй, алыхуызон сырдæй.

Хид туристтæ схуыдтой «Чертов мост», арæзт æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ. Хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй йæ аразæн æрмæг фылдæр уыди хъæдæй, фæлæ йыл æдæрсгæйæ цыдысты фистæг адæм, бæхджынтæ, уæрдæттæ, уыцы азты абоны хуызæн арæх нæ уыдысты хæдтулгæтæ, уæлдайдæр уæзласæн транспорт.

Хæсты рæстæг дзы уæрæх пайда кодтой партизанты бынæттон къордтæ. Немыцы æфсæдтæ базыдтой уыцы хъуыддаг, Æрæфы районы хъæутæ куы бацахстой, уæд. Толдзгуыны цæрæг, мæ хорз хъæуккаг Биазырты Данел ма уæд хæрзæрыгон лæппу уыд (абон немæ нал и, рухсаг уæд), фæлæ цаутæ йæ зæрдыл бадардта. Куыд мын дзырдта, афтæмæй немыцæгтæ Будайты Ибрагимы (Бирихин) цæхæрадоны æрæвæрдтой æхсæзхæтæлон минæтæ æхсæн  «Ванюша» æмæ уырдыгæй æхстой Дидинаты æрдузмæ бацæуæн хид. Нæ сын бантыст йæ фехалын.

Абон уыцы хид рацарæзтой хуыздæр уагыл – æфсæйнаг æмæ аивдæрæй. Уым туристтæ арæх фæисынц сæ къамтæ, стыр дисы сæ бафтауынц дæлиау комы абухгæ цæугæдон æмæ хиды алфамбылай рæсугъд æрдзы нывтæ.

Коммæ бахизæны та бæлццæтты цæст æрхæцы раздæры фæндагыл. Цыфæнды ныфсджын æмæ æдæрсгæ адæймаг дæр хорзау нал вæййы, рахизырдыгæй далæ кæмдæр къæдзæхты ’хсæн фынккалгæ уылæнтæ, æрра сырдау, размæ куыд тындзынц, уый фенгæйæ. Уæдæ йæ сæрмæ чи ‘рцауындзæг, уыцы хохы егъау гæбаз дæр æм (къамы), бæгуыдæр, лирикон æнкъарæнтæ нæ сæвзæрын кæндзæн. Раджы кæддæр фæндаджы ацы уадздзаг бакъæртт кодтой мæцъистæ æмæ æфсæйнаг къахæнты æххуысæй. Комы цæрджытæ йæ хонынц «Æхсинттæ», туристтæ та йæ схуыдтой «Пронеси, Господь» («Хуыцау, бахъахъхъæн»). Диссаг у уый, æмæ комы ацы тæккæ тæссагдæр ранæй хæдтулгæ никуы ахаудта, иннæ рæтты, хъыгагæн, æрцыд-иу ахæм фыдбылызтæ.

Æхсинтты тыххæй ма кæддæр фехъуыстон ахæм хабар, æцæг, дам, уыди. Цæвиттон, комы кæцыдæр хъæутæй сæ иуы цæрæг йæ фысты дзуг скъæрдта мидæмæ, хохмæ. Йæхæдæг цыд сæ фæстæ, дзуджы разæй та, бонджын æлдарау, уæздан санчъехтæ кодта фысты раздзог, даргъ боцъоджын цæубодзо. Къæдзæх кæм æрцауындзæг, уым фæндаг цæхгæр фæзилы галиуырдæм. Цæу уыдæттæ нал бамбæрста, æвæццæгæн, исты хъуыдыты аныгъуылд, æмæ, куыд æмраст цыди, афтæмæй сæрсæфæнæй агæпп кодта. Фыстæ дæр, куыд йæ коммæгæс  дæлбар удгоймæгтæ, иугай-дыгай ивгъуыдтой абухгæ донмæ. Уалынмæ сæ хохæй рацæугæ бæлццæттæй чидæр федта æмæ сын сæ хицаумæ ныхъхъæр кодта, дæ фæллой Æрæфы амæттаг баисты, зæгъгæ. Базгъордта, фæндагмæ сæ сарæзта, фæлæ дзы дзæвгар фæхъуыди…

Ныртæккæ уыцы фæндагыл хæдтулгæтæ нал цæуынц, йæ хæдфарсмæ бакъæртт кодтой нырыккон рæсугъд тъунел, фæндонæй дзы згъорынц канд рог хæдтулгæтæ нæ, фæлæ автобустæ, уæзласæнтæ, æндæр транспорт. Рæстæг цæуы, цард ивы…

Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here