Намысы аккаг

0
13

Цалдæр боны размæ Ручъы æфцæгыл тъунелы хуссарварс-ырдыгæй кадджын уавæры байгом кодтой зындгонд инженер, æхсæнадон архайæг æмæ публицист Гаглойты Несторы фырт Рутены номарæн бюст.

Йæ гом кæныны рæстæг æм ‘рбацыдысты Уæрæсейы Федерацийы Президенты уынаффæгæнæг Гаглойты Алан, министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, наукон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, Рутены кæстæрты кæстæртæ – Гаглойты Бэлæ æмæ Алисæ.

Мадзалы архайджытæ куыд загътой, афтæмæй Рутен уыди йæ адæмы æцæг патриот, егъау бавæрæн бахаста Хуссар Ирыстоны рæзт æмæ бæллиццаг фидæнмæ. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æхсæн фæндаг байгом кæнын уыдис Рутены царды сæйрагдæр бæллиц, йæ арфæйаг хъæппæрис.

Раныхасгæнджытæ ма дзырдтой, Гуырдзыстоны разамынд æй æнæбындурæй цæмæйдæрты куыд аххосджын кодтой, æмæ уый фæстæ, 1937 азы æхст куыд æрцыди, уыдæтты тыххæй дæр.

Рутены кæстæрты кæстæртæ – Бэлæ æмæ Алисæ зæрдиаг арфæтæ ракодтой проекты скульпторæн, мемориал саразджытæн, уазджытæн.

Бюст арæзт æрцыд Гаглойты мыггаджы хардзæй. «Мах стыр бузныг зæгъæм, ацы ахсджиаг цаумæ йæ хай чи бахаста, уыдонæй алкæмæн дæр, – загъта Гаглойты Алисæ. – Уый уыдзæн нæ иумæйаг бавæрд Рутены рухс ном фидæны фæлтæртæн ныууадзыны хъуыддаджы».

Гаглойты Алан та сæрмагондæй бахахх кодта: Рутен йæ цæргæбонты зæрдиагæй кæуыл фæ-куыста, уыцы фæндаг  тынг æххуыс кодта Хуссары ирæттæн сæ цард бахъахъхъæнын, æмæ сæ рох никуы уыдзæн.

Бирæ, æвæццæгæн, нæ зонынц уый, æмæ Ручъы æфцæджы фæндаг байгом кæныны тыххæй Рутен сæрмагондæй йæхи раивын кодта Мæскуыйы императоры университетæй Мæскуыйы уæлдæр техникон училищæмæ (абон хæссы Н. Бауманы ном).

Кадджын мадзалы фæстæ йæ архайджытæ сæвæрдтой дидинджытæ номарæн бюсты бынмæ.

Бестауты Елизаветæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here