«Сихор куы хæрин æз Дзауы, æхсæвæр – Дзæуджыхъæуы»…

0
13

Æрæджы Хуссар Ирыстоны Ручъы тъунелмæ бахизæны дыууæ Ирыстоны арæныл байгом кодтой цыртдзæвæн зындгонд инженер, тъунелы проекты автор Гаглойты Рутенæн.

Гаглойты Рутен дунейы рухсмæ фæзынд 1888 азы Хуссар Ирыстоны, Дзауы комы Сидæны хъæуы. Зæрдæргъæвд лæппу æвзист майданимæ каст фæци Тифлисы гимназ æмæ, Кавказаг стипенди райсгæйæ, бар райста йæ ахуыр адарддæр кæнынæн Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндоны. Бацыд Мæскуыйаг уæлдæр техникон училищæйы механикон факультетмæ. Уым райдыдта фыссын дæр, ирон æвзагыл йæ уацхъуыдтæ мыхуыргонд цыдысты газет «Ног цард»-ы. Уыцы рæстæг æм æрцыд Ирыстоны адæмы цард фæрогдæр кæныны хъуыды, æмæ йæ æххæст кæнын райдыдта 1895 азы. Фыццагдæр Рутен æрбаласта Хуссар Ирыстонмæ ирон шрифтимæ мыхуыргæнæн станок æмæ дзы райдыдта сусæгæй прокламацитæ уадзын.

Студент ма уыди, афтæмæй Гаглойы-фырт ныффыста курдиат паддзах Никъала II номыл, цæмæй æхцайы фæрæзтæ ратта Къехы нарæджы фæндаг саразынæн. Курдиат паддзахмæ бахæццæ, æмæ уый бардзырд ратта æхца Гуры банкмæ арвитыны тыххæй. Цалдæр мæйы фæстæ зындзæуæн къахвæндаг Рутены диссаджы номхæссæн инженерон куысты фæстиуæгæн фестад уæрæх фæндаг, Къехви æмæ Никъозийы ‘хсæн та арæзт æрцыд донхорыггæнæн арыхъхъ.

1913 азы сæрды студент-рауагъдон Гаглойты Рутенмæ паддзахы æфсадмæ фæсидтысты. Командæгæнынад фехъуыста, инженер сæм кæй службæ кæны, уый, æмæ уайтагъд йæ кой æфсадыл айхъуыст – разамынд лæвæрдта хидтæ аразын æмæ агъуыстытæ амайыны куыстытæн. Фыццаг Дунеон хæст куы райдыдта, уæд унтер-афицеры цины æрвыст æрцыд прапорщикæй æфсæнвæндаджы æфсæдтæм Тифлисы губернийы Гуры уездмæ. 1914-1915 азты Уæрæсейы æфсады рæнхъыты хæцыд Галицийы. Улæфты рæстæг æрыгон афицер, бæрзонд интеллекты хицау, сагъæс кодта æмæ æмбæрста, Уæрæсейы империйы кæрон хæстæг кæй у. Уымæ гæсгæ 1917 азы сæрды, æнцойуагъды уæвгæйæ, баззад Ирыстоны: «Ам тынгдæр хъæуын».

Хуссар Ирыстоны бавнæлдта йæ сæйрагдæр пълан æххæст кæнынмæ – æфцæджы сæрты фæндаг саразыны проектмæ. Йæ хæлæрттæм фыстæджы фыста: «Бинонтæ саразынмæ нæ тырнын, фæнды мæ кусын æмæ мæ райгуырæн бæстæйæн исты хорздзинад фæуын. Нæ бæстæйы фыццаг æнамонддзинад – æвзæр фæндæгтæ. Хохаг ирæттæ сæ рагъы хæссынц уæззау хæссинæгтæ, къæдзæхтыл хилгæйæ. Бæхты уæзæгтæ сæхиуыл сæвæрынц, сæхæдæг бæхты къæдзилтыл ныххæцынц. Зымæджы хъызты сæ хъаматæй их лыг кæнынц, сæхицæн къæпхæнтæ аразгæйæ. Ме ’мзæххонты æппæт уыцы хъизæмæрттæ мын æнцой нæ дæттынц, æмæ мæ нысан у ам хорз фæндаг алæгæрдын».

1918 азы Рутеныл адæмон хицаудзинад цыма базыртæ ныссагъта – райдыдта хидты проекттæ кæнын æмæ сæ аразын, фæндаг Цхинвал – Зæрæмæг, адæмы гуырдзиаг меньшевиктæй фервæзын кæнынмæ рæстæгмæйы фæндæгтæ. Рахуыдта-иу лидзæг адæмы Кавказы рагъыл Цæгат Ирыстонмæ – ам уыцы заман æрфидар советон хицаудзинад. Фæлæ йæ уыцы рæстæг æрцахстой кæйдæр нымыгъдмæ гæсгæ æмæ йæ ахастой Псковы бынмæ лагермæ. Уырдыгæй Гаглойты Рутен алыгъд Прибалтикæмæ, уыдис Польшæйы, Германы, Англисы, Францы, уыимæ, стыр зонындзинæдты хицау уæвгæйæ, стæй йæ активондзинады руаджы алкæм дæр уыцы зонындзинæдтæй пайда кодта. Æрмæстдæр ын 1928 азы бантыст йæ райгуырæн бæстæмæ сыздæхын, æмæ ам дæр инженер адарддæр кодта йæ бирæазон куыст, йæ дæргъ 40 километры кæмæн уыд, уыцы Зæрæмæг-Уанелы фæндагыл 4,5 километры тъунелимæ æфцæджы сæрты.

Гаглойты Рутен, сæдæгай километртæ ацæугæйæ, сарæзта Хуссар Ирыстоны биноныг картæ, бæрæг ыл кодта æппæт хъæутæ, цæрæнуæттæ. Куыста бирæ бæрнон бынæтты – разамынд лæвæрдта Хуссар Ирыстоны Наукон-иртасæн институты промышленносты хайадæн, уыд Цхинвалы ГЭС-ы директор,  ахуыргæнæг – Хуссар Ирыстоны педагогон институты, йæхи фæрæзтæй сцалцæг кодта Хетæгкаты Къостайы хæдзар Нары, бæллыд дзы музей саразынмæ. Уымæй уæлдай, уыд курдиатджын поэт – фыста æмдзæвгæтæ.

1937 азы та Гаглойты Рутены æрцахстой кæйдæр нымыгъдмæ гæсгæ. «Уæд Уанелы нæ хæдзары размæ æрбацыд сау машинæ. Джигул æмæ цыдæр зынæмбарæн фæрстыты фæстæ йæ бауагътой йæ уæлæдарæс аивын æмæ мæнимæ хицæнæй аныхас кæнынмæ. Куырдта мæ нæ лæппу Ботазы хъахъхъæнын, зæрдæтæ мын æвæрдта дыууæ боны фæстæ æрбаздæхынæй. Акодтой йæ, æмæ йын уый фæстæ йæ хъысмæтæн ницыуал базыдтам», – мысыди 1983 азы Рутены идæдз Гаглойты-Цыхуырбаты Надеждæ.

Абон Гаглойты Рутены ном Ирыстоны алчидæр зоны. Цы пълан сарæзта, уымæ гæсгæ Транскавказаг магистраль арæзт æрцыд. Йæ сæйраг æмæ зындæр хай – хохы рагъы тъунел бакъæртт кæныныл ахъаззаг куыст цыдис, архайдтой йыл хуссар æмæ цæгаты ‘рдыгæй, кæрæдзийы ныхмæ цыдысты, æмæ аразджытæ,  цыппар километры акъæртт кæнгæйæ, 1981 азы 4 ноябры, фæстаг метртæ фæсте ныууадзгæйæ, сиу сты. Афтæ сæ къæхтыл ауадысты Гаглойты Рутены диссаджы раст нымад пълæнттæ. Сæххæст йе стырдæр бæллиц, йæхæдæг куыд фыста: «Сихор куы хæрин æз Дзауы, æхсæвæр – Дзæуджыхъæуы».

Ныр та дзырды бар – Гаглойты Анатолийæн, цыртдзæвæн саразыны сæйраг амидингæнæгæн:

– Рутенæн цыртдзæвæн сæвæрыны хъуыды уыд алы рæстæджыты Челæхсаты Хъазыбегмæ, Мамиаты Григоримæ, ноджыдæр ма кæмæдæрты, фæлæ ныхæстæй хъуыддагмæ рахизын æппындæр не ‘нтысти. Къорд азы разæй мæхицæн хæсыл банымадтон цыртдзæвæн саразын, фæлæ иунæг адæймагæн йæ бон цастæ у. Фæдзырдтон нæ мыггагмæ, не ‘рвадæлтæм, бирæ хицæутты къæсæрæй бахызтæн, куыд Хуссары, афтæ ам, Цæгат Ирыстоны дæр. Сæ цæрæнбон бирæ нæ мыггаджы фæсивæд – Гаглойты Сардионы фырт Аланæн, Ибрагимы фырт Артурæн, Исахъы фырт Леонидæн, Таймуразы фырт Азæмæтæн, Русланы фырт Таймуразæн, æхцайы фæрæзты фылдæр хай уыдон раттой, стæй ма бирæтæ се ‘ххуысы хай бахастой, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ, куыд æхцайæ, афтæ къухы фæллойæ дæр. Цыртдзæвæнæн нын зæххы хай райсынмæ феххуыс кодта Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб. Мæ фарсмæ лæууыд æмæ кабинеттыл æххуысагуыр зылд Гаглойты Бурийы фырт Мурат дæр. Ацы фарны хъуыддагмæ йе ‘вæрæн чи бахаста, уыдоны ранымайынæн газеты фарс не сфаг уыдзæн, се ‘ппæтæн дæр зæгъын – стыр бузныг. Уæлдай арфæйы аккаг у цыртдзæвæны скульптор, Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Плиты Владимир. Тынг зæрдæмæдзæугæ куыст бакодта, фæлæ ууыл не ‘рлæудзæн – йæ фæстæ йын сæвæрдзæн дур Рутены арæзт рельефы картæ æмæ йе ‘мдзæвгæйы рæнхъытимæ.

Цыртдзæвæн сцæттæ, бюсты постаментæн дур – æрдзон гранит æмæ, цыдæриддæр хъуыд йæ банывыл кæнынæн, уыдон сцæттæ кодтой Гаглойты Никъалайы фырт Владимиры бинонтæ: йæ цардæмбал Светланæ, фырт Давид, чызг Элинæ æмæ чындз Алинæ, æмæ сын сæрмагондæй мыггаджы номæй зæгъын – стыр бузныг. Плиткæ, бордюртæ нын ратта Гæбæраты Руслан, куыстытæ конд æрцыдысты, фæкастысты нæм Гаглойты Юри æмæ Зауыр, Гæбæраты Илья, Гæдзаонты Руслан. Байгом æй кодтам, бирæ дзыллæ дзы ‘рбамбырд – нæ мыггаджы минæвæрттæ, Рутены байзæддæгтæ, æхсæнадон архайджытæ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хицауады, интеллигенцийы минæвæрттæ. Бирæ хорз ныхæстæ загъд дзы æрцыд, раныхасгæнджытæ дзырдтой Гаглойты Рутены фæрнæйдзаг хъуыддæгтæ æмæ йæ трагикон хъысмæты тыххæй. Æмбæлгæ уагыл ацыд мадзал, уый тыххæй арфæ кæнын Хуссар Ирыстоны культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Мамиаты Григорийæн.

Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй ма нын куыстæгтæ ис, цыртдзæвæны алыварс бабæстон кæнын хъæуы. Уымæн та хъæуы фæрæзтæ.

Цыртдзæвæн байгом кæнынмæ йе ‘вæрæн бахаста Хуссар Ирыстоны фæндзæм президент, Уæрæсейы Президенты уынаффæгæнæг Гаглойты Эдуарды фырт Алан, æххуысы мадзæлттæй нын дарддæр дæр зæрдæ бавæрдта. Мæ курдиат бахæццæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйломæ. Зæрдæ бавæрдта феххуыс кæнынæй, – йæ ныхас балхынцъ кодта Гаглойты Анатоли.

Æрмæг бацæттæ кодта ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here