Республикæ фæстаг азты цы ивддзинæдтæ бавзæрста, уыдон Æрæфы районы иувæрсты нæ ацыдысты. Районы центр æмæ хъæуты фæлгонц хуыздæрырдæм ивы, фæзынд дзы, хъæуты цæрджытæ сæхæдæг кæй равзарынц æмæ кæуыл схъæлæс кæнынц, ахæм ног фæлладуадзæн зонæтæ. Национ проекттæ æмæ федералон программæты бындурыл арæзт цæуынц, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм объекттæ.
Æрæфы муниципалон районы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Махъоты Сослан йæ кусæг балцы рæстæг бабæрæг кодта, Лескены хъæуы бындуронæй цалцæггонд цы рæвдауæндон цæуы, уый, æмæ сбæлвырд кодта куыстыты хæрзхъæддзинад. Объекты куыстытæ фæдзæхст сты æнæххæстбарджын æхсæнад «Кайзер»-ыл, æххæстгонд цæуынц национ проект «Бинонтæ»-йы фæлгæты.
Проектмæ гæсгæ агъуыст, зæгъын æмбæлы, ногæй рацараздзысты: баивдзысты йын йæ сæр, йе’ппæт инженерон хызтæ, хатæнтæ сфæлынддзысты, стæй кæрт банывыл кæндзысты.
Ацы бонмæ объекты цæттæдзинад у 70 проценты. Специалисттæ йын йæ сæр æрæхгæдтой, баивтой инженерон хызтæ, уыимæ электрон тыхæй æфсадæн, хъармгæнæн, донимæ баст системæтæ, баивтой дуæрттæ æмæ рудзгуытæ.
Ныртæккæ кусджытæ архайынц мидæгæй, ахорынц цартæ, къултæ, кæрт æмæ рæвдауæндонмæ æрбацæуæнтæ рæсугъд кæнынц. Æппæт куыстытæ дæр арæзт цæуынц рæстæгыл, æмгъуыдтæй фæсте нæ зайынц.
Махъоты Сослан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бындурон цалцæг хъуамæ фæуа 2026 азы 30 ноябры. Муниципалитеты социалон инфраструктурæйы рæзтмæ районы администраци иудадзыг йæ цæст дары.
Дарддæр муниципалон районы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг йæ фæндаг акодта ноджы ма иу ахсджиаг объектыл – Лескены цæугæдоны сæрты хидыл. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц национ проект «Инфраструктурæ цæрдæн»-ы фæлгæты. Фæндаг Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Лескены 88,5 километрыл объекты цæттæдзинад ныридæгæн у 60 проценты.
Æнæххæстбарджын æхсæнад «Асфальттрейд» сæвæрдта хиды фондз пролеттæй цыппар. Ныртæккæ дарддæр куыст цæуы, чи ма баззад, уыцы хæйттыл, хидмæ дыууæрдыгæй бацæуæнтыл, стæй блоктæ кæрæдзийыл бабæттыныл архайынц.
Объект хъуамæ сцæттæ уа 2027 азы 1 декабрмæ. Проектмæ гæсгæ хид ногæй арæзт цæуы: ивынц ын, кæуыл лæууы, уыцы цæджындзтæ, конструкцитæ, инженерон хызтæ, сæвæрдзысты йыл нырыккон уæлцъар æмæ йын йæ алфамблай банывыл кæндзысты.
Ног хид адæмæн «лæггад» кæндзæн дæсгай азтæ, республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ йыл æдæрсгæ æмæ æнæфыдбылызæй цæудзысты.
Йæ кусæг балцы рæстæг Махъоты Сослан уыдис Толдзгуыны скъолайы дæр. Ам та ахуырадон куыстуаты бындурон цалцæджы куыстытæ конд цæуынц национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы фæлгæты. Объекты цæттæдзинад схæццæ 60 процентмæ. Æнæххæстбарджын æхсæнад «Строймонтаж» абоны онг халæн куыстытæ фæци, специалисттæ пъолтæ баивтой къæлидортæ æмæ, иумæйагæй цы хатæнтæй пайда кæнынц, уым, æппæт инженерон хызтæ. Ныртæккæ хъазуатонæй ахуырадон кабинеттæ ахорынц, фæлындынц сæ. Хæстæгдæр рæстæг бавналдзысты æддаг фарс цалцæг кæнынмæ.
Уæлдай æргом Махъоты Сослан аздæхта сабиты æдасдзинад æмæ фидæны æнцойуаты фарстатæм – уыдон сты абон ахсджиагдæр. Куыстытæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуой ацы азы 20 августмæ.
Дарддæр ма Махъойы-фырт бабæрæг кодта, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм дыууæ объекты – фелсырон-акушерон пункт æмæ хъæуккаг Культурæйы хæдзар, сæ абоны уавæр æмæ бынæттон цæрджытæн лæггæдтæ цы уавæрты дæттынц, уый сбæрæг кæныны охыл.
Æмтгæй райсгæйæ, кусæг балцы рæстæг бæлвырдгонд æрцыд, районы хъæуты хорзырдæм ивддзинæдтæ æмбæлгæ уагыл кæй цæуынц, уый та дзурæг у, тагъд рæстæджы сæ бынæттон цæрджытæ сæхиуыл кæй банкъардзысты, ууыл.
Бутаты Азæмæт














