Дунеон спортивон змæлды рагæйдæр æппæты кадджындæр æнтыстдзинадыл нымад уыд Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау суæвын. Уыцы бæрзонд спортивон нысанмæ кæдфæнды дæр тырныдтой дунейы алы бæстæты спортсментæ.
Олимпиаг хъæзтытæ цы спорты хуызтæй фæцæуынц, уыдон мах рæстæджы сты бирæ, фæлæ сæ райдайæнæй абонмæ чи баззад, уыдонæй уыдысты лæгæй-лæгмæ тохтæ æмæ хъæбысхæсты хуызтæ.
Ирыстоны хъæбысхæст рагæй дæр уыд адæмон спорты хуыз, æмæ советон заманты нæ бæстæйы уæгъдибар æмæ классикон (абон – грекъаг-ромаг) хъæбысхæсты хуызтæ парахат кæныныл куыст куы райдыдта, уæд нæ фæсивæд ууыл сæмбæлдысты æхсызгонæй.
Кæд хиуыл кусынæн уавæртæ æмбæлгæ хорз нæ уыдысты, уæддæр ирыстойнаг богæлтты ’хсæн куыдфæстæмæ сырæзыдысты, æппæт Уæрæсе æмæ Советон Цæдисы дæр сæ нæмттæ кæмæн айхъуыстысты, ахæм сæрæн лæппулæгтæ.
Уыдоны ’хсæн уыдысты нæ бæстæйы чемпионы ном чи рамбылдта æмæ ССР-ы Цæдисы номæй дунеон ерысты чи архайдта, ахæм æвзыгъд богæлттæ: фыццаг ирыстойнаг дунейы чемпион Бестауты Алымбег, фыццаг ирон спортсмен, ССР-ы Цæдисы спорты сгуыхт мастер Хъуылаты Бадзи, ССР-ы Цæдисы 2 хатты чемпион Дзарасаты Саукуыдз. Сæ иннæ сгуыхтдзинæдтæй уæлдай ма Бадзи, Алымбег æмæ Саукуыдз хорзæхджын систы Олимпиаг хъæзтыты æвзист æмæ бронзæ майдантæй.
Уыдон æртæйæ дæр тынг фæндыди, цæмæй ирон богæлтты ’хсæн фæзыной ахæмтæ, кæцытæн бантыса, уыдон цæмæ тырныдтой, уыцы Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзаутæ суæвын.
Бадзи, Саукуыдз æмæ Алымбеджы стыр бæллиц сæххæст кодта сæ уарзон кæстæр, Ирыстоны таурæгъон æмæ уарзон хъæбул, спорты хъайтар Андиаты Петры фырт Сослан. Фæндзай азы размæ, 1976 азы 31 июлы, Сослан Канадæйы горæт Монреалы цæуæг XXI Олимпиаг хъæзтыты, уæззау уæзы хæцгæйæ, фæуæлахиз йæ фондз ныхмæлæууæгыл æмæ хорзæхджын ссис сыгъзæрин майданæй. Уый уыди æгас Ирыстонæн Хуыцауæй ратгæ лæварау!
Уыцы бон Монреалы уæвæг ирыстойнаг спортуарзджытæ скодтой æцæг бæрæгбонау. Сосланы уæлахизæн æвдисæн уыдысты нæ таурæгъон богæлттæ: Хъуылаты Бадзи æмæ Дзарасаты Саукуыдз, зындгонд æхсæнадон кусæг Дойаты Хъазыбег æмæ се ’мбæлттæ. Сослан йæхæдæг уый тыххæй арæх мысыди, Бадзи æмæ йыл Саукуыдз куыд цин кодтой: «Саукуыдз мæ йæ хъæбысы куы акодта, уæд йæ цæстытыл ауыдтон цины цæссыгтæ, æмæ мын загъта: «Сослан, бузныг дын, махæн цы нæ бантыст, уый кæй сæххæст кодтай æмæ ныр Ирыстонмæ дæуимæ сыгъзæрин Олимпиаг майданимæ кæй æрбаздæхдзыстæм, уый тыххæй». Сослан ма йæ ныхасыл бафтыдта: «Æз мæхæдæг Саукуыдз æмæ Бадзийы нымадтон мæ хорз фæзминаг хистæртыл, æмæ уыдонæй ахæм зæрдиаг арфæтæ фехъусын мæнæн уыд стыр лæварау».
Андиаты Сослан ма Монреалы сгуыхтдзинадмæ бафтыдта 1980 азы Мæскуыйы ацæуæг XXII Олимпиаг хъæзтыты дыккаг сыгъзæрин майдан.
Сосланы уыцы стыр æнтыстдзинæдтæ ныфсдæттæг разындысты нæ кæстæр фæлтæрты богæлттæ æмæ иннæ спортсментæн дæр.
Андийы-фырт Олимпиаг бæрзæндтæм цы фæндаг акъæртт кодта Ирыстоны спортсментæн, уыцы фæндагыл ацыдысты нæ фынддæс æмзæххон спортсмены, æмæ сын бантыст ссæдз сыгъзæрин майданы рамбулын.
Уыдонæй уæлдай ма нæ богæлттæ, уæззау атлетикæйы, фехтовани æмæ рог атлетикæйы минæвæрттæ къорд хатты систы Олимпиаг хъæзтыты призон бынæттæ бацахсджытæ.
Олимпиаг хъæзтыты æртæ хатты уæлахиздзау, нæ таурæгъон богал æмæ æхсæнадон зынгæ кусæг Таймазты Артур, Сосланы мысгæйæ, зæгъы: «Æз Сосланы кæдфæнды дæр нымадтон мæ уарзон, фæзминаг хистæрыл. Уый йе стыр уæлахизтæ æмæ йæ хæрзæгъдау уды кондæй махæн уыд царды раст фæндаг амонæг. Мæнæй никуы ферох уыдзæн, Сослан-иу мах уæлахизтыл куыд цин кодта, æмæ нын-иу куыд арфæ кодта, уый. Фæндзай азы размæ Сослан цы стыр уæлахиз æрхаста Ирыстоны спортæн, уый хъуамæ макуы ферох уа нæ ног фæлтæртæй, æмæ сын уа фæндагамонæг спорты æмæ царды бæллиццаг нысантæм!»
Андиаты Сосланы фæндзай азы размæ стыр уæлахиз сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыди Ирыстоны спорты азфысты æмæ мыггагмæ дæр баззайдзæн бæрæгбоны æрттиваг стъалыйау!
Баскаты Уырызмæг














