Сергей Меняйлойы – дыккаг æмгъуыдмæ

0
15

Уынаффæ 

Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон совет Сергей Меняйлойы кандидатурæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы бынатмæ снысан кæныны уынаффæ официалон æгъдауæй сфидар кодта. Уый фæстæ уынаффæ æрвыст æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинмæ.

Сергей Меняйло республикæйæн разамынд дæтты 2021 азæй. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы уынаффæ у фыццаг къахдзæф дыккаг хатт æй уыцы бынаты сфидар кæныны уагæвæрды, кæронбæттæн уынаффæ та йын хъуамæ рахæсса бæстæйы Президент.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here